Сыгъдæгдзинад хъахъхъæнын - алкæй комкоммæ хæс дӕр

Рафыссын
Хъыгагæн, иуæй-иу æмбæстæгты, æвæццæгæн, айрох вæййы, сыгъдæгдзинад хъахъхъæнын кæй у цæрджытæй алкæй комкоммæ хæс дæр æмæ йыл хъæуы аудын

ЦХИНВАЛ, 28 авг– Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны столицæ – Цхинвалы разамынд зæрдиагæй архайы горæты аивдзинад æмæ сыгъдæгдзинадыл, йæ цъæхфæлыстыл, уынгты, паркты æмæ скверты рæсугъддзинадыл. Уыцы арфæйаг куысты раппæлинаг сты, уынгты сыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинадыл æрвылбон дæр чи фыдæбон кæны, уыдон. Уынгмæрзджытæ сæ куысты уæлхъус балæууынц æхсæвы 3-4 сахатыл æмæ сæ куыст бакæнынц, цалынмæ адæм нæ сызмæлынц, уæдмæ.

Къаддæр нæу сæ хæрзиуæгон архайд, сквертæ газонтæ æмæ æндæр фæзуæтты алыгъуызон дидинджытæ чи ныссадзы, уый фæстæ дæр æмбæлон зылд кæй арæхстджын къухты фæрцы æййафынц, уыцы кусджытæн дæр.

"Хицæн æмбæстæгтæ ницæмæ дарынц, горæты рæсугъддзинадыл чи фыдæбон кæны, уыдоны æвæллайгæ архайд. Цæвиттон, иуæй-иу цæрджытæ сæ бырæтты акалынц, кæм не ‘мбæлы, ахæм рæтты, кæд сæм хæрзæввахс вæййынц быронкалæн асыччытæ, уæддæр", - зæгъы уынгмæрзджытæй сæ иу.

Хъыгагæн, ахæм æмбæстæгты, æвæццæгæн, айрох вæййы, сыгъдæгдзинад хъахъхъæнын кæй у цæрджытæй алкæй комкоммæ хæс дæр æмæ йыл хъæуы аудын.

ХИПУ-йы ирон филологи æмæ журналистикæйы студенттæ бафснайдтой Джеры комы уæвæг Сау Дзуары алфæмбылай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кувӕндӕтты сыгъдӕгдзинад: фӕсивӕд ӕфснайынц Хуссар Иры аив къуымтӕ

"Горæты сыгъдæгдзинадыл кусын у йæ цæрджыты хæс дæр. Раст у ахæм ныхас: сыгъдæг у, кæм не ‘змæнтынц, уым, фæлæ æфснайын дæр хъæуы. Бирæуæладзыгон хæдзæртты алыварс акæс æмæ базондзынæ, кæм дзы цавæр адæм цæры, уый. Чъизи æмæ æнæфснайд худинаг у цæрджытæн дæр", - зæгъы иннæ уынгмæярзæг Венера.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ æмбæлон службæйы кусджытæн кæд сæ куыст бæрæгæй зыны, уæддæр иу куыстыл сæ къух систой.

Раздæр азты сæрды тæвд рæстæджы бон цалдæр хатты уынгтæ пырх кодтой донæй, уымæй дарддæр ма газонтæ æмæ æндæр бынæтты цы бæлæстæ ис, уыдонмæ дæр æмбæлон æгъдауæй зылдысты. Фæлæ, хъыгагæн, ныр цалдæр азы уыцы арфæйаг хъуыддаг рохуаты аззад, нал сæм фæкæсынц донæй. Кæд бæлæсты уæлдай æмæ хус къалиутæ асыгъдæг кæнынц, сæ зæнгтæ сын сцæгъдынц чъыры тæнгъæдæй, уæддæр сæм донæй фæкæсын кæй фæхъæуы, ууыл дæр хъуамæ батыхсиккой. Уый фæстиуæгæн бæлæсты сыфтæртæ бирæ рæтты фæбур сты, бахус ма, газонты цы кæрдæг байтыдтой, уый дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0