Бибылты Анатолий ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй Хуссар Иры МХМ сӕргълӕууӕджы фыццаг хӕдивӕджы

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ МХМ
РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕй размӕ прокуратурӕ фехъусын кодта Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Иналы мӕлӕты зӕрдӕхсайгӕты нӕмттӕ. Уыдон иууылдӕр кусынц МХМ Криминалон милицийы, кӕцыйы сӕргъ лӕууыд Цхуырбаты Андрей

ЦХИНВАЛ, 3 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент бафыста барамынд мидхъуыддӕгты министры фыццаг хӕдивӕг – Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Криминалон милицийы хистӕр Цхуырбаты Андрейы йӕ бынатӕй ссӕрибар кӕныны фӕдыл, хъусын кӕны цыппӕрӕмы паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Ссӕрибар кӕнын милицийы булкъон Цхуырбаты Андрейы министры фыццаг хӕдивӕг – Республикӕ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады Криминалон милицийы хистӕры бынатӕй", - дзырдӕуы барамынды.

Амӕй размӕ прокуратурӕ фехъусын кодта Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Иналы мӕлӕты зӕрдӕхсайгӕты МХМ нӕмттӕ. Уыдон иууылдӕр кусынц МХМ Криминалон милицийы, кӕцыйы сӕргъ лӕууыд Цхуырбаты Андрей.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Иугонд Ирыстон" фехъусын кодта митингы тыххӕй Цхинвалы, ӕмӕ фӕхуыдта уырдӕм президенты

Ивгъуыд майрæмбоны рабæрæг ис, МХМ хистæры амарын бафæлварыны хъуыддаджы зæрдæхсайгæ адæймаг Дзабиты Иналы рæстæгмæ дарæн изоляторæй кæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ уæззау буары цæфтимæ. Фæстæдæр фехъусын кодтой, лæппу кæй амард.

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Уыцы бон Цхинвалы ацыд митинг, адæм домдтой, цæмæй йæ бынатæй сæрибар æрцæуа Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æфхæрд æрцæуой азымджынтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0