Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрӕмысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты

© Photo : Пресс-служба Дзауского районаХуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрӕмысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрӕмысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ - районы разамынад, поселок ӕмӕ ӕввахс хъӕуты цӕрджытӕ ссыгътой цырӕгътӕ ӕмӕ сӕвӕрдтой дидинджытӕ

ЦХИНВАЛ, 3 сен - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрӕмысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты. Посёлочы центры ӕрӕмбырд сты районы администрацийы кусджытӕ, посёлочы ӕмӕ ӕввахс хъӕуты цӕрджытӕ, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службӕйы кусӕг Тедеты Лиана.

Беслӕны трагедийы 16-ӕм афӕдзы бонӕн нывонд фыдохы мадзал ацыд абон Цхинвалы Театралон фӕзуатыл дӕр.

"Ӕрвылаз районы ацӕуы 2004 азы Цӕгат Ирыстоны Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы ӕрцӕугӕ трагедийы амӕттӕгты мысӕн мадзал. Ацы аз дӕр фыдохы мадзӕлттӕ ауадзыны бынат уыд адӕмӕй йедзаг, рбацыд районы хистӕр Джиоты Андрей дӕр. Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ссыгътой цырӕгътӕ, сӕвӕрдтой дидинджытӕ", - радзырдта Тедеты Лиана.

2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой 1128 адӕймаджы амынӕты. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕн 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.

© Photo : Пресс-служба Дзауского районаХуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрӕмысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрӕмысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрӕмысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты
© Photo : Пресс-служба Дзауского районаХуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрӕмысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрӕмысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрӕмысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты
1/2
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрӕмысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты
2/2
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕрӕмысыдысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты
Ног хабӕртты лентӕ
0