Михаил Мишустин бафыста барамынд Хуссар Иримӕ арӕн бакӕныны фӕдыл

© Sputnik / Владимир ИвановРучъы тоннель
Ручъы тоннель - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хицауад дӕр дыццӕджы ӕхсӕвы систа тобӕ Уӕрӕсейы Федерациимӕ арӕны уылты хизыныл

ЦХИНВАЛ, 15 сен - Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы премьер-министр Михаил Мишустин бафыста барамынд Хуссар Ирыстонимӕ арӕн бакӕныны фӕдыл, хъусын кӕны УФ хицауады пресс-службӕ.

"Уӕрӕсе бакодта арӕн Хуссар Ирыстонимӕ, афтӕ ма систа арӕнӕвӕрдтӕ бӕстӕмӕ бацӕуыны фӕдыл кӕцыдӕр специалисттӕн, кӕцытӕ уый размӕ бакодтой коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны тыххӕй. Барамынд бафыста Хицауады Сӕрдар Михаил Мишустин", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Амӕй размӕ, 10 сентябры, УФ хицауады оперативон штаб коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл аскъуыддзаг кодта бакӕнын хуссарирыстойнаг-уӕрӕсейаг арӕн.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры рабӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 31 ног рынчыны

Дыццӕджы ӕхсӕвы арӕн бакодтой Хуссар Ирыстоны фарс дӕр. Хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ 31 августӕй, Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ систой 15 сентябры.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 13 апрелы ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ цалдӕр хатт адарддӕр кодтой – фӕстаг хатт августы кӕронмӕ. Республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн уыд ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Фӕстӕдӕр изоляцийӕ ссӕрибар кодтой коронавирусӕй уый размӕ чи фӕрынчын, уыдоны. Уый тыххӕй уыдон хъуамӕ радтой анализтӕ Цӕгат Ирыстоны ӕмӕ бавдисой уый фӕдыл справкӕтӕ.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 90 фӕрынчынуӕвӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0