Бибылты Анатолий Хуссар Иры эпидемиологон службӕйы тыххӕй: националон ӕдасдзинады бындур

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент раарфӕ кодта республикӕйы санитарон-эпидемиологон службӕйы кусджытӕн ӕмӕ сын бузныг загъта сӕ стыр дӕсниад ӕмӕ цӕсгомджын куысты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 15 сен — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта республикӕйы санитарон-эпидемиологон службӕйы кусджытӕн, кӕцытӕ дыццӕджы нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Йӕ арфӕйы телы республикӕйы президент банысан кодта, санитарон-эпидемиологон службӕ кӕй у нӕ бӕстӕйы националон ӕдасдзинады бындур.

"Уӕ профессионализм, бӕрнон ахаст ӕмӕ цӕсгомджын куысты руаджы скъуыддзаг цӕуынц асхджиаг хӕслӕвӕрдтӕ республикӕйы цӕрджыты санитарон-эпидемиологон хӕрзвадат сӕххӕст кӕныны фӕдыл. Сымах хъахъхъӕнут адӕмы ӕнӕниздзинад тӕссаг низтӕй", - дзырдӕуы арфӕйы тексты.

Бибылты Анатолий банысан кодта, эпидемиологтӕ сӕ профессионализм кӕй равдыстой коронавирусон инфекциимӕ тохы рӕстӕджы.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры медиктӕн фиддонтӕ адарддӕр кодтой августы кӕронмӕ

"Хуссар Ирыстонмӕ вирус ма ‘рбауадзыны фӕдыл арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ здӕхт уыдысты нӕ ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинадмӕ. Уӕ куысты руаджы вирус нӕ рахызт Республикон бирӕпрофилон медицинон центры арӕнтӕй", - хъусын кӕны Бибылты Анатолийы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Президент бузныг загъта республикӕйы санитарон-эпидемиологон службӕйы кусджытӕн сӕ стыр дӕсниад ӕмӕ цӕсгомджын куысты тыххӕй ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, уыдон дарддӕр ӕнтыстджынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзысты сӕ хӕслӕвӕрдтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0