Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министр бабӕрӕг кӕндзӕн "Кавказ-2020"-ы кӕронбӕттӕн этап

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæКомандон-штабон ахуыртӕ "Кавказ-2020"
Командон-штабон ахуыртӕ Кавказ-2020 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Егъау мадзалмӕ фӕхуыдтой ӕдӕр паддзахӕдты хъахъхъӕнынадон уагдӕтты разамонджыты дӕр, афтӕ ма ӕфсӕддон-дипломатон корпусы минӕвӕртты

ЦХИНВАЛ, 24 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим бабӕрӕг кӕндзӕн командон-штабон ахуыртӕ "Кавказ-2020"-ы кӕронбӕттӕн этап, кӕцы ацӕудзӕн 25 сентябры Уӕрӕсейы Астраханы областы полигон "Капустин Яр"-ы. Хъахъхъӕнынадон уагдоны сӕргълӕууӕджы егъау мадзалмӕ фӕхуыдта йӕ уӕрӕсейаг коллегӕ Сергей Шойгу, фехъусын кодта Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы хистӕр Чехойты Инга.

РХИ Хъахъхъӕнынады министрады делегацийы сконды ма сты Гарзджын тыхты Генштабы хистӕр Виктор Федоров ӕмӕ министры хӕдивӕг Гасситы Ӕхсар.

"Балцы фӕлгӕтты нывӕндынц бакӕсын стратегион командон-штабон ахуыртӕ "Кавказ-2020"- активон фазӕмӕ", - банысан кодта Чехойты Инга.

Ахуыртӕ "Кавказ-2020", кӕцыты хайад исынц 10 бӕстӕйы ӕфсӕддонтӕ, сӕ нымӕцы Хуссар Ирыстон дӕр, уагъд цӕуынц 21 сентябрӕй 26 сентябрмӕ Хуссар ӕфсӕддон зылды территорийыл.

Иумӕйагӕй маневрты хайад исынц 80 мин адӕймаджы, афтӕ ма иу мин ӕфсӕддоны ӕхсӕз фӕсарӕйнаг бӕстӕйӕ. Архайынц дзы 250 танчы, пехотӕйы 350 хӕстон хӕдтулгӕйы ӕмӕ бронетранспортеры, 200 артилеррион системӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0