"Югосетпотребнадзор" арæны баконды фæстæ сног кодта радгæсон линийы куыст

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры санитарон службæтæ арæны баконды фæстæ сног кодтой радгæсон линийы куыст
Хуссар Иры санитарон службæтæ арæны баконды фæстæ сног кодтой радгæсон линийы куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы цæрджытæн радгæсон линийы фæрцы райсæн уыдзæн рекомендацитæ æмæ дзуаппытæ коронавирусы фæдыл фарстытæн

ЦХИНВАЛ, 25 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны санитарон службæтæ Уæрæсеимæ арæны баконды фæстæ сног кодтой радгæсон линийы куыст, цы ран райсæн ис рекомендацитæ æмæ дзуаппытæ коронавирусы фæдыл фарстытæн, фехъусын кодта Sputnik сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Мах сног кодтам радгæсон линийы куыст, кæцы уыд панемийы райдайæны, номыртæ сты фæстæмæ уыдон. Мæн фæнды, цæмæй нæм адæм дзурой номыртыл, бахизой нæ фарсмæ Фейсбукы, мах та нæхирдыгæй кæдфæндыдæр цæттæ стæм радтын дзуапптæ æппæт фарстытæн", - загъта Коцты Марина.

Сæйраг санитарон дохтыр ма радзырдта, ныридæгæн сæм хардзы æрмæг фаг кæй ис.

"Коронавирусимæ цы рæстæг архайæм, уыцы æмгъуыд нын æппæтварсон æххуыс кæнынц нæ уæрæсейаг коллегæтæ. Апрелæй фæстæмæ нын тест-системæтæ æнæаргъæй дæтты æххуысы хуызы Роспотребнадзор, ноджы ма сæ иу хай та самал кодтам президенты сæрмагонд хыгъды фæрæзтæй. Ныридæгæн нæм æрмæг ис 12 мин иртасты фаг", - бафтыдта уый.

Хуссар Иры фæзынд фыццаг рынчын коронавирусæй арæны баконды фæстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæзынд фыццаг рынчын коронавирусæй арæны баконды фæстæ

Коцты Маринайы ныхæстæм гæсгæ, сæ уагдон цæттæ у вирусы апарахаты уавæрты кусынмæ дæр.

"Ис нæм фæлтæрддзинад æмæ нæ архайды нывæзт. Фæфылдæр кодтам иртæстты гуырахст. Бахъуыды рæстæгмæ фæфылдæр кодтам нæ специалисты нымæц, канд æрмæст нæхи лабораторитæй нæ, фæлæ ма æндæр уагдæттæй дæр - Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæй æмæ ветеринарон службæйæ. Уавæр нæ куыд дома, афтæ цæттæ стæм архайынмæ", - балхынцъ кодта сæйраг санитарон дохтыр.

Республикæ Уæрæсеимæ арæн бакодта 15 сентябры. Арæныл тобæтæ архайдтой фондз мæйы дæргъы. Уыцы æмгъуыд Хуссар Иры сбæрæг кодтой 90 рынчыны коронавирусæй. Уыдон иууылдæр уыдысты карантины, уымæн æмæ æрцæуæггæгтæ иууылдæр цыдысты ууылты.

Ног хабӕртты лентӕ
0