Фӕткхалджыты фылдӕр хай ис Цхинвалы. Хуссар Иры уагъд цӕуынц рейдтӕ фӕндӕгтыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы фӕндӕгтыл уагъд цӕуынц рейдтӕ фӕндагон змӕлды фӕткхалджыты ӕмӕ нозтджын шофырты сбӕрӕг кӕныны фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 30 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой республикӕйы фӕндӕгтыл фӕндагон змӕлды 23 фӕткхалды иу суткӕмӕ, фӕткхалджыты фылдӕр хай ис Цхинвалы.

"15 шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ автотранспорт ӕнӕ ӕмбӕлон документтӕй скъӕрыны тыххӕй. Афтӕ ма, ӕртӕ шофыры ӕрбаздахтой административон бӕрнмӕ фӕндагон нысӕнтты домӕнтӕ фехалыны тыххӕй", - дзырдӕуы уагдоны пресс-службӕйы хъусинаджы.

МХМ бафтыдтой, ПАИ кусджытӕ кӕй уадзынц рейдтӕ МХМ патрулон-постон службӕ ӕмӕ сӕрмагонд дӕлхайӕдты кусджытимӕ иумӕ. Уӕлдай хъусдард здӕхт у автотранспорт фылдӕр цы уынгтыл вӕййы, уыдонмӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной фӕндагон змӕлды фӕткхалджыты ӕмӕ нозтджын шофырты.

Ног хабӕртты лентӕ
0