Хуссар Иры ногӕй фӕфылдӕр коронавирусӕй рынчынты нымӕц

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд суткӕйы Югосетпотребнадзоры лабораторийы сарӕзтой 36 тесты COVID-19-ы фӕдыл, уыдонӕй дыууӕ радтой ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ

ЦХИНВАЛ, 1 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы ноджы дыууӕ адӕймагӕн сбӕрӕг кодтой коронавирус, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц пандемийы рӕстӕджы у 102 адӕймаджы, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры хистӕр Коцты Марина.

Иу суткӕмӕ уагдоны лабораторийы сарӕзтой 36 басгӕрсты, уыдонӕй дыууӕ радтой ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ.

"Рынчынтӕй иуы арвыстой стационармӕ. Иумӕйагӕй арӕны баконды фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой 12 рынчыны. Уыдонӕн се ‘рдӕг сты инфекцион хайады, иннӕ хай та хос кӕнынц хӕдзарон уавӕрты", - загъта Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, низ сбӕрӕг кӕныны фӕстӕ медиктӕ алцыдӕр аразынц, цӕмӕй рабӕрӕг кӕной адӕмы, кӕцытимӕ контакт кодта рынчын.

COVID-19-имæ уавæр Цæгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
COVID-19-имæ уавæр Цæгат Иры: ноджы иу адæймаг амард инфекцийæ

Коцты Марина банысан кодта, уагдон кӕй барвыста рекомендацитӕ коронавирусы профилактикӕйы фӕдыл организацитӕ ӕмӕ уагдӕттӕм.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы коронавирусимӕ уавӕр критикон нӕу, ӕмӕ уый фӕдыл арӕнӕвӕрдон мадзӕлттыл нырма дзырд нӕ цӕуы.

"Иу хатт ма сидын цӕрджытӕм, цӕмӕй низы миниуджытӕ куы фӕзыной, уӕд куыстмӕ кӕнӕ ахуырмӕ мауал рахизой. Фӕдзурут-иу дохтырмӕ хӕдзармӕ. Ацы механизмыл ныридӕгӕн бакуыстой Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕмӕ медиктӕ зонынц, цы хъӕуы аразын ахӕм цауты рӕстӕджы", - бахахх кодта Коцты Марина.

Знон хъусын кодтой, Хуссар Ирыстоны столицӕйы республикон бирӕпрофилон медицинон центры сывӕллӕтты рынчындон кӕй цӕттӕ кӕнынц коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тох кӕнынӕн. Медицинон уагдонӕн йӕ бон уыдзӕн райсын 100 рынчыны онг, фехъусын кодта Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Цоциты Алла.

Ног хабӕртты лентӕ
0