Цхинвалы центры судзы хисӕрмагонд хӕдзар

© Sputnik / Наталья Айриян Цхинвалы центры судзы хисӕрмагонд хӕдзар
Цхинвалы центры судзы хисӕрмагонд хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгсирвӕзт ӕрцыд Джиоты Аланы проспект ӕмӕ Харебаты Исахъы уынджы алвӕндагыл

ЦХИНВАЛ, 2 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы центры судзы хисӕрмагонд хӕдзар Джиоты Аланы проспект ӕмӕ Харебаты Исахъы уынджы алвӕндаджы цур, хъусын кӕны республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).

"Зынгфӕдисонтӕ ӕрбацыдысты цауы бынатмӕ ӕмӕ тох кӕнынц артимӕ", - банысан кодтой уагдоны.

Зынгсирвӕзты аххосӕгтӕ нырма бӕрӕг не сты, нӕй бӕрӕггӕнӕнтӕ зианбаййафджыты фӕдыл дӕр.

© Sputnik / Наталья Айриян Цхинвалы центры судзы хисӕрмагонд хӕдзар
Цхинвалы центры судзы хисӕрмагонд хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы центры судзы хисӕрмагонд хӕдзар
Ног хабӕртты лентӕ
0