Дзауы районы ацæудзæн Челехсаты Хъазбеджы номыл XI командон турнир шахматтæй

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæДзауы район ацæудзæн Челехсаты Хъазбеджы номыл XI командон турнир шахматтæй
Дзауы район ацæудзæн Челехсаты Хъазбеджы номыл XI командон турнир шахматтæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсæнадæмон мадзал нысан у 10 октябрьмæ, цæудзæн Дзауы районы Хуыцъейы скъолайы бæстыхайы. Ӕвылазон ерысты хайдистмæ хуынд цæуынц дыууæ командæйы Цæгат Ирыстонæй, Хуссар Иры районты æмæ горæтты командæтæ æмæ æфсæдтонты къорд

ЦХИНВАЛ, 2 окт– Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ацæудзæн æхсæнадон архайæг, чиныг "Осетия и осетины"-йы æмбырдгæнæг Челехсаты Хъазбеджы номыл XI командон турнир шахматтæй, фехъусын кодта Sputnik президенты уынаффæгæнæг спорты фарстыты фæдыл Джиоты Руфин.

"Ӕхсæнадон архайæг, чиныг "Осетия и осетины"-йы æмбырдгæнæг Челехсаты Хъазбеджы номыл XI командон турнир шахматæй уадзы Хуыгаты Ростикы хæрзаудæн фонд "Амонд" æмæ Дзауы районы администраци", - загъта Джиоты Руфин.

Ӕхсæнадæмон мадзал нысан у 10 октябрьмæ, цæудзæн Дзауы районы Хуыцъейы скъолайы бæстыхайы.

Турнирон февраль: шахматты федераци хоны ерыстæм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Турнирон февраль: шахматты федераци хоны ерыстæм

Ӕвылазон ерысты хайдистмæ хуынд цæуынц дыууæ командæйы Цæгат Ирыстонæй, Хуссар Иры районты æмæ горæтты командæтæ æмæ æфсæдтонты къорд.

Турниры уæлахиздзаутæ æмæ призертæ райсдзысты дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Ивгъуыд азы ерысты уæлахиздзау ссис горæт Цхинвалы командæ, уый размæ аз та ерысты æнтыстджын уыдысты Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы хъазджытæ. Алкæцы командæйы дæр вæййы фæйнæ æртæ хъазæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0