УФ-йы вузты курсанттӕ Хуссар Ирӕй бахордтой ард Цхинвалы

© Sputnik / Фатима ПлиеваУФ-йы вузты курсанттӕ Хуссар Ирӕй бахордтой ард Цхинвалы
УФ-йы вузты курсанттӕ Хуссар Ирӕй бахордтой ард Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны скъолаты 20 рауагъдонs ацы аз сcисты Уӕрӕсейы ахуыргӕнӕндӕтты курсанттӕ, фондз азы фӕстӕ уыдон баххӕст кӕндзысты барадхъахъхъӕнӕг органты рӕнхъытӕ. Хуыцаубоны уыдон ард бахордтой Ирыстонӕн иузӕрдион кӕй службӕ кӕндзысты

ЦХИНВАЛ, 4 окт - Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Кады Аллейы мидхъуыддӕгты министрады курсанттӕ ард бахордтой райгуырӕн бӕстӕйы хӕрзӕбонӕн архайын.

© Sputnik / Фатима ПлиеваПриведение к присяге курсантов МВД
УФ-йы вузты курсанттӕ Хуссар Ирӕй бахордтой ард Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Приведение к присяге курсантов МВД

Цытджын церемонимӕ улӕфт бон ӕрбацыд Республикӕ ӕмӕ МХМ-йы разамынад, курсантты ныййарджытӕ ӕмӕ ӕввахс адӕм, барадхъахъхъӕнӕг органты ветерантӕ.

Хуссар Ирыстоны фӕсивӕды 20 минӕвары фондз азы дӕргъы ахуыр кӕндзысты Уӕрӕсейы ахуыргӕнӕндӕтты. Сӕ нымӕцы ис чызджытӕй дӕр.

"Бацыдтӕн Новгороды МХМ-йы академимӕ. Нӕ бинонты нӕй милицӕйы кусджытӕ, мӕхи фӕндон уыд ахӕм хахх равзарын. Фӕнды мӕ ӕдасдзинад хъахъхъӕнын нӕ республикӕйы", - загъта Sputnik курсант Гӕджиты Ада.

Ахуырмӕ бацыды фӕдыл арфӕтӕ ӕмӕ фӕндиагтӕ курсанттӕн загъта паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий.

"Фондз азы фӕстӕ уӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фидар зонындзинӕдтӕ ӕмӕ куысты равгимӕ офицеры цины. Уӕззау рӕстӕджы иу уӕ зӕрдыл ӕрдарут уӕ ныййарджытӕ ӕмӕ уӕ райгуырӕн бӕстӕ, уый уӕ бауромдзӕн рӕдыд саразынӕй. Уырны мӕ, мах та уӕ кӕй уыдзыстӕм сӕрыстыр", - загъта президент.

Курсанттӕн сӕ фӕндӕгтӕ загътой МХМ-йы хистӕры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Пухаты Мераб ӕмӕ МХМ-йы ветерантӕ, арфӕтӕ кодтой ныййарджытӕ ӕмӕ сӕхӕдӕг фӕсивӕд.

Цытджын церемонийы фӕстӕ иу уысм ӕдзӕмӕй лӕугӕйӕ ссардтой барадхъахъхъӕнӕг органты минӕвӕрттӕй сӕ хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ чи фӕмард, уыдон рухс нӕмттӕ, дидинтӕ сӕвӕрдтой Ӕнусон арты цур.

© Sputnik / Фатима ПлиеваУФ-йы вузты курсанттӕ Хуссар Ирӕй бахордтой ард Цхинвалы
УФ-йы вузты курсанттӕ Хуссар Ирӕй бахордтой ард Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
УФ-йы вузты курсанттӕ Хуссар Ирӕй бахордтой ард Цхинвалы
Ног хабӕртты лентӕ
0