Цхинвалы ӕртыккӕгӕм скъолайы бӕстыхайы арӕзтад цӕуы графикӕй раздӕр

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы арӕзт цӕуы ӕртыккӕгӕм скъолайы бӕстыхай
Цхинвалы арӕзт цӕуы ӕртыккӕгӕм скъолайы бӕстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зӕронд аварион бӕстыхай, кӕцы арӕзт ӕрцыд 1939 азы, ныппырх кодтой ивгъуыд азы кӕрон, йӕ бынаты сцайдагъ сты арӕзтадон куыстытӕ

ЦХИНВАЛ, 5 окт – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕртыккӕгӕм скъолайы арӕзтад Цхинвалы цӕуы графикӕй раздӕр. Ныридӕгӕн кусджытӕ амайынц бӕстыхайы ӕртыккаг уӕладзыг, фехъусын кодта арӕзтадон фирмӕ "Бадо",-йы генералон директор Уалыты Владислав.

Скъолайы арӕзтад райдыдта ивгъуыд аз раздӕры скъолайы бынаты, зӕронд бӕстыхайы уымӕй размӕ эксперттӕ банымадтой аварионыл.

"Объектыл кусынц 50 адӕймаджы бӕрц, ӕрмӕджтӕй цухдзинад не 'взарӕм. Куыстытӕ цӕуынц графикӕй раздӕр", - загъта Уалыты Владислав.

Зӕронд аварион бӕстыхай, кӕцы арӕзт ӕрцыд 1939 азы, ныппырх кодтой ивгъуыд азы кӕрон, йӕ бынаты сцайдагъ сты арӕзтадон куыстытӕ. Ног бæстыхай арæзт цæуы 2020-2022 æзты инвестицион нывæзты фæлгæтты.

Ӕртæуæладзыгон скъола нымад у 200 ахуырдзауыл. Ног бæстыхайы арæзтады æмгъуыдмӕ йæ ахуырдзаутæ æмæ педколлектив сты "уазæгуаты" Цхинвалы 12-æм скъоламæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0