Хуссар Иры ПӔК фехъусын кодта арӕны фехӕлдты нымӕцы фӕкъаддӕры тыххӕй сентябры

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры арӕн
Хуссар Иры арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Равзӕрстыты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ арӕнгӕрон законады фехалджыты фылдӕр хайы ӕрбаздахтой административон ивартӕм

ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) сентябры сбӕрӕг кодтой арӕнгӕрон законады ӕртынмӕ ӕввахс фехӕлды. Сӕ нымӕц чысыл фӕкъаддӕр августмӕ абаргӕйӕ.

Уагдоны фехъусын кодтой, сентябры Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны алыгъуызон хӕйттыл кӕй ӕрурӕдтой 28 арӕнхалӕджы. Августы сӕ нымӕц уыд 31.

"Уыдонӕй 19 фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, фараст та – арӕнгӕрон режим. ПӔК арӕнгӕрон службӕ алкӕцы цауы фӕдыл дӕр ауагъта равзӕрстытӕ. Уый фӕстиуӕгӕн 24 адӕймаджы фӕивар кодтой, дыууӕйы арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийӕ ӕнӕ иварон санкцитӕй, ноджы ма дыууӕ адӕймаджы фӕдыл та сӕхгӕдтой административон хъуыддӕгтӕ", - банысан кодтой ПӔК.

Хуссар Иры Гуырдзыстоны ӕмбӕстагӕн стӕрхон кодтой ӕртӕ мӕйы ахӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Гуырдзыстоны ӕмбӕстагӕн стӕрхон кодтой ӕртӕ мӕйы ахӕст
Уагдоны фехъусын кодтой, уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг арӕны уылты хизыныл тобӕй кӕй систой дыууӕ бӕстӕйы ӕмбӕстӕгтӕн, фӕлӕ ӕндӕр бӕстӕты ӕмбӕстӕгтӕн дарддӕр ис тобӕ цалынмӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауӕдтӕ ӕмбӕлон уынаффӕтӕ рахӕссой, уӕдмӕ.

Уымӕй дарддӕр, ПӔК бафтыдтой, зӕгъгӕ, республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ уазджытӕн, кӕцытӕ нывӕндынц ацӕуын улӕфӕн бынӕттӕм, кӕнӕ бӕрӕгбонон ӕмӕ фыдохы мадзӕлттӕм цӕрӕг пункттӕм, кӕцытӕ сты Хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон зонӕйы, хъуамӕ семӕ уой бӕлвырдгӕнӕн документтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0