Къостайы ном ссарын ӕмӕ Ир бафӕдзӕхсын: цхинвайлаг альпинисттӕ схызтысты Бурхохмӕ

© Фото из архива Марата БагаеваЦхинвайлаг альпинисттӕ схызтысты Бурхохмӕ
Цхинвайлаг альпинисттӕ схызтысты Бурхохмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бурхох у иууыл уӕлвонгдӕр бынат Хуссар Ирыстоны, ис Кавказы хохӕфцӕгыл, сыгъдӕг бынат нымад цӕуы Кувӕндоныл

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны альпинистты иу къорд схызт Бурхохы бӕрзӕндмӕ. Бӕлццӕттӕ ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ бафӕдзӕхстой сӕ бӕстӕ, цӕмӕй коронавирусы пандеми ӕнӕфыдбылызӕй ныууадза адӕмы, фехъусын кодта Sputnik къорды уӕнгтӕй иу Багаты Марат.

"Нӕ балц снывонд кодтам ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бонӕн. Уый ӕмрӕнхъ ма коронавирусы апарахаты фӕдыл республикӕйы сӕвзӕргӕ уавӕр хынцгӕйӕ ацы сыгъдӕг бынаты мах бафӕдзӕхстам нӕ бӕстӕ ӕмӕ адӕмы", - загъта Багаты Марат.

Уый ма бафтыдта, сӕ балц кӕй ахаста ӕртӕ боны, къорды сконды уыд фондз альпинисты.

"Бесаты Александр, Бӕззаты Константин, Джиоты Ирэн ӕмӕ Абайты Аланимӕ нӕ балц райдыдтам майрӕмбоны сихорыл. Ӕхсӕвуиват кодтам Бурхохрӕбын ӕхсӕрдзӕны цур. Иу сахат уыдыстӕм хохы цъуппыл, стӕй райдыдта фӕстӕмӕ балц",- бафтыдта уый.

© Фото из архива Марата БагаеваЦхинвайлаг альпинисттӕ схызтысты Бурхохмӕ
Къостайы ном ссарын ӕмӕ Ир бафӕдзӕхсын: цхинвайлаг альпинисттӕ схызтысты Бурхохмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг альпинисттӕ схызтысты Бурхохмӕ

Багаты Марат ма бахахх кодта, хохы цъуппыл уыдон кӕй ссардтой, сӕ размӕ ацы бӕрзӕндмӕ чи схызт, уыдон фыстӕг. 

Ног хабӕртты лентӕ
0