Ӕмгуыстады ног авналӕнтӕ: уӕрӕсейаг режиссёр сӕвӕрдзӕн спектакль Цхинвалы театры

© Пресс-служба ГДТ Уӕрӕсейаг режиссёр сӕвӕрдзӕн спектакль Цхинвалы театры
 Уӕрӕсейаг режиссёр сӕвӕрдзӕн спектакль Цхинвалы театры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нывӕзтгонд проект ӕххӕст цӕуы Уӕрӕсейы театралон архайджыты цӕдисы сӕрмагонд проект "режиссерская лаборатория"- йы фӕлгӕтты

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры (ПДТ) сценӕйыл фидӕн аз уӕрӕсейаг режиссёр сӕвӕрдзӕн спектакль бынӕттон труппӕимӕ, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы.

Ивгъуыд къуыри ПДТ труппӕимӕ куыстой ӕртӕ хицӕн режиссеры Уӕрӕсейы театралон архайджыты цӕдисӕй. Уазджытӕ ӕрцыдысты Цӕдис ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ПДТ ӕмгуыстады фӕстиуӕгӕн.

© Пресс-служба ГДТ Уӕрӕсейаг режиссёр сӕвӕрдзӕн спектакль Цхинвалы театры
Ӕмгуыстады ног авналӕнтӕ: уӕрӕсейаг режиссёр сӕвӕрдзӕн спектакль Цхинвалы театры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг режиссёр сӕвӕрдзӕн спектакль Цхинвалы театры

Театралон архайджыты цӕдис ахӕм мадзӕлтӕ уадзы йӕ сӕрмагонд проект "режиссёрская лаборатория"-йы фӕлгӕтты.

"Ӕртӕ хицӕн режиссеры Уӕрӕсейы театралон архайджыты цӕдисӕй ивгъуыд къуырийы куыстой ам бынаты нӕ труппӕимӕ. Уыдон сӕвӕрдтой ӕртӕ хицӕн эскизы (пьесӕйы скъуыддзаг) бынӕттон актертимӕ. Вазыгджын эпидемиологон уавӕр хынцгӕйӕ сӕ куыстытӕ уӕрӕх аудиторийӕн нӕ бавдыстой - аргъгӕнӕг сын уыдысты сӕхӕдӕг актертӕ ӕмӕ театралон факультеты студенттӕ", - театры загътой пресс-службӕйы.

Уым ма банысан кодтой, нывӕзтмӕ гӕсгӕ ӕртӕ скъуыддзагӕй кӕй хъуамӕ равзарой хуыздӕры, цӕмӕй йӕ ног театралон сезоны ӕххӕстӕй сӕвӕрой Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры сценӕйыл.

"Актерон сконд ӕртӕйы дӕр банымадта хорзыл. Фӕстӕдӕр ацы фарст скъуыддзаг цӕудзӕн аивадон советы аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерланимӕ иумӕ. Ӕртӕйӕ кӕцы равзарой, уый Уӕрӕсейы театралон архайджыты цӕдисы хӕрдзтӕй ӕрцӕудзӕн ӕвӕрд", - бахахх кодтой уагдоны.

© Пресс-служба ГДТ Уӕрӕсейаг режиссёр сӕвӕрдзӕн спектакль Цхинвалы театры
Ӕмгуыстады ног авналӕнтӕ: уӕрӕсейаг режиссёр сӕвӕрдзӕн спектакль Цхинвалы театры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг режиссёр сӕвӕрдзӕн спектакль Цхинвалы театры

Театры директор Уалыты Мӕдинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы театралон архайджыты цӕдисимӕ (ТАЦ)  ӕмгуыстад кӕны ног фӕндӕгтӕ Хуссар Ирыстоны сфӕлдыстадон коллективы раз.

"Режиссерты куыст нын фенын кодта нӕ труппӕйы уӕрӕх фадӕттӕ ногӕй. Уыдон бафӕлвӕрдтой архайд сценӕйӕ рахӕссын кӕсӕджы залмӕ ӕмӕ сын уыд диссаджы ӕнтыст",- хъусын кӕны пресс-службӕй директоры ныхӕстӕ.

Уалыты Мӕдинӕ бафтыдта, Уӕрӕсейы ТАЦ-имӕ ӕмгуыстады фӕлгӕтты ма ноджы кӕй цӕуынц ахуыртӕ, квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны куыст. Дарддӕр та сӕ нывӕзты ис бацархайын, цӕмӕй Цхинвалы фӕзына ТАЦ фыццаг филиал фӕсарӕнты.

© Пресс-служба ГДТ Уӕрӕсейаг режиссёр сӕвӕрдзӕн спектакль Цхинвалы театры
Ӕмгуыстады ног авналӕнтӕ: уӕрӕсейаг режиссёр сӕвӕрдзӕн спектакль Цхинвалы театры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг режиссёр сӕвӕрдзӕн спектакль Цхинвалы театры
Ног хабӕртты лентӕ
0