Алайнаг епархийы динамонджытӕ уадзынц Хуыцаумӕскуывдтӕ уӕззау рынчынты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Службӕты ивындзинӕдты тыххӕй ныффыста сӕ фарсыл Facebook-ы епархийы пресс-службӕ

ЦХИНВАЛ, 21 окт - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Алайнаг епархийы кафедралон аргъуаны уадзынц Хуыцаумӕскуывдтӕ коронавирусӕй рынчынты сӕнӕниз кӕныны нысанӕн, хъусын кӕнын епархийы пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны фӕстаг дыууӕ къуыри скарз ис низ. Коронавирусӕй рынчынты нымӕц кӕй сбирӕ ис, уымӕ гӕсгӕ республикон бирӕпрофилон медицинон центрты сывӕллӕтты рынчындонӕй сарӕзтой COVID-19 -ӕй рынчынты зонӕ.  

"Ныр цалдӕр боны дӕргъы 13:00 сахатыл Цхинвалы Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы аргъуаны ацӕуынц службӕтӕ коронавирусӕй рынчынты ӕнӕниздзинады тыххӕй", - дзырдӕуы епархийы хъусынгӕнинаджы.

Коронавирусӕй рынчынты нымӕцы сты Хуссар Ирыстоны размынад. Дыццӕджы республикӕйы территорийыл вирусӕй амард дыккаг адӕймаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0