Хуссар Иры пневмонийӕ амард 81-аздзыд сылгоймаг

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы рынчындон
Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сылгоймаджы уӕззау уавӕры рынчындонмӕ баластой къуырисӕры изӕры. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрады бӕлвырд ницы загътой, рынчынӕн коронавирус рабӕрӕг ис ӕви нӕ, уый тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы рынчындоны пневмонийӕ амард ноджы иу пациенткӕ, фехъуын кодта Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министры хӕдивӕг Цоциты Алла.

Раздӕр республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр фехъусын кодта, коронавирусӕй рынчындоны кӕй амард 65-аздзыд нӕлгоймаг.

Куыд цæры Къуаиса пандемийы рæстæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Йедзаг рынчындон æмæ хосты цухдзинад: куыд цæры Къуаиса пандемийы рæстæджы

"Пневмонийӕ фӕзиан 81-аздзыд сылгоймаг, уый знон изӕр уӕззау уавӕры баластой рынчындонмӕ", – загъта Цоциты Алла.

Министры хӕдивӕг бӕлвырд ницы загътой, рынчынӕн коронавирус рабӕрӕг ис ӕви нӕ, уый тыххӕй.

Хуссар Ирыстоны COVID-19-ы амӕттаг баисты ныр ӕртӕ адӕймаджы, иу нӕлгоймаг та амард пневмонийӕ. Ӕдӕппӕт пандемийы райдианӕй коронавирусӕй фӕрынчын сты 623 адӕймаджы.

Дыццӕджы республикӕйы бакӕндзысты УФ Хъахъхънынады министрады ӕфсӕддон-быдырон госпиталь.        

Ног хабӕртты лентӕ
0