Фыдæлты зæххыты сæрмæ: альпинисттæ æрфидар кодтой ирон тырыса Хъӕдласӕны хохыл

© Фото из архива Марта БагаеваАльпинисттæ æрфидар кодтой ирон тырыса Хъӕдласӕны хохыл
Альпинисттæ æрфидар кодтой ирон тырыса Хъӕдласӕны хохыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъӕдласӕны хох æвæрд у денджызы æмвæзадæй 3842 бæрзæнддæн, фæстаг хатт ма йæм сцыд уыд 2017 азы

ЦХИНВАЛ, 28 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны альпинистты къорд авд адæймаджы скондæй схызтысты Дзауы районы Хъӕдласӕны хохы бӕрзӕндмӕ. Балцгæнджытæ хохы сæр цы ирон тырса æрфидар кодтой, уый фæлгæсы Иры хуссар, цæгат æмæ Тырсыгоммæ, фехъусын кодта Sputnik балцгӕнджытӕй иу Багаты Марат.

Хъӕдласӕны хох æвæрд у денджызы æмвæзадæй 3842 бæрзæнддæн, фæстаг хатт ма йæм сцыд уыд 2017 азы.

"Альпинистты рагæй фæндыд Тырсыгомы нæ фыдæлты зæххытыл æрсадзын ирон тырса, фæлæ нын уырдæм фæндаг нæй. Ацы хох та йæм лæууы хæстæг. Хъӕдласӕны хох ис Ирыстоны цæгат, хуссар æмæ Тырсыгомы хсæн. Йæ бæрзæндыл æрфидар кодтам ирон тырысса, уый фæлгæсдзæн ирон адæмы цæрæн бынаттæм уæлвонгæй", - загъта Багаты Марат.

© Фото из архива Марта БагаеваАльпинисттæ æрфидар кодтой ирон тырыса Хъӕдласӕны хохыл
Альпинисттæ æрфидар кодтой ирон тырыса Хъӕдласӕны хохыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Альпинисттæ æрфидар кодтой ирон тырыса Хъӕдласӕны хохыл

2/3

3/3

Йæ Къорды архайджытæ уыдысты Табуты Алан, Бесаты Александр, Джиоты Ирэн, Абайты Алан, Хацырты Мурат, Джыгкайты Сергей æмæ Багаты Марат.

Хъӕдласӕны хохмæ стæм хатт сцæуы бæлццон, нымад цӕуы зынвадатыл. Ис Ерманы хъӕуы сӕрмӕ галиу фарс.

Къорд уымæй размæ та уыд Бурхохы, уæд Хуссар Ирыстоны иууыл бӕрзонддӕр ӕфцӕгыл кувӕндоны бафӕдзӕхстой республикӕйы цӕрджыты коронавирусы апарахаты дуджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0