Хуссар Иры парламенты спикеры бахъӕудзӕн госпитализаци коронавирусы тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanТадтаты Алан
Тадтаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Коронавирусы фӕдыл тест, кӕцы спикер радта ивгъуыд хуыцаубоны, равдыста ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Уый фӕстӕ Тадтаты Алан хос кодта хӕдзары, фӕлӕ ныр йӕ уавӕрмӕ гӕсгӕ йӕ хъӕуы госпитализаци, радзырдта спикеры фыццаг хӕдивӕг

ЦХИНВАЛ, 28 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Тадаты Аланы уавӕр, кӕцы рынчын у коронавирусӕй, февзӕрдӕр ис, фехъусын кодта фыццаг вице-спикер Гасситы Петр.

Амӕй размӕ коронавирусӕй фӕрынчын сты Бибылты Анатолий ӕмӕ премьер-министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бекъойты Геннадий.

"Ивгъуыд хуыцаубоны парламенты спикер дыккаг хатт сарӕзта тест коронавирусы фӕдыл ,кӕцы радта ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Абоны онг уый хос кодта хӕдзары, фӕлӕ ныр йӕ уавӕрмӕ гӕсгӕ йӕ хъӕуы госпитализаци", - загъта Гасситы Петр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, спикеры гӕнӕн ис бахъӕуа акӕнын Цӕгат Ирыстоны рынчындӕттӕй иумӕ.

Пандемийы райдайӕнӕй республикӕйы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 670 адӕймаджы, уыдонӕй 580 – 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0