Хуссар Иры хицауады ӕрдзырдтой 2020 азы Инвестпрограммӕйы реализацийыл

© Пресс-служба президента РЮО Гуфта-Къуайсайы фӕндаг
 Гуфта-Къуайсайы фӕндаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2020 азы инвестицион программӕйы реализацийы фарстыты фӕдыл штабы рабадт ацыд республикӕйы президенты къухдариуӕгады бын

ЦХИНВАЛ, 3 ноя - Sputnik. Абоны бон 2020 азы инвестицион программӕйӕн среализаци кодтой йӕ 58 проценты, фехъусын кодта Инвестпрограммӕйы реализацийы фӕдыл штабы рабадтыл Хуссар Ирыстоны финансты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хӕбӕлаты Аза. Уый тыххӕй къуырисӕры фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Арӕзтады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Зӕгъойты Эдуард куыд банысан кодта, афтӕмӕй ӕввахс рӕстӕджы бавдисдзысты документаци 137 милуан сомы бӕрц куыстыты фӕдыл.

Цхинвалы авд уынгыл цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæттæ сæ кæнынц асфальтмæ: Цхинвалы авд уынгыл цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ

Рабадты хайадисджытӕ ӕрдзырдтой программӕйы алкӕцы объектыл дӕр.

Паддзахадон унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-йы Генералон директор Мӕхъиты Семены ныхӕстӕм гӕсгӕ, горӕты аст уынджы (Революцийы, Плиты Ароны, Нӕузӕххонты, Хъайтарты, Табуты Родионы ӕмӕ Базарадон) уыдзысты цӕттӕ 25 ноябры онг.

Автомобилон фӕндаг Гуфта – Къуаисайыл ӕвӕрд цӕуы асфальт, баззад ма дзы саразын иу километр ӕмӕ ӕрдӕг. Афтӕ ма кусджытӕ ӕвӕрынц парапеттӕ.

Магистралон доны хӕтӕл Уанат – Цхинвалы куыстытӕ дӕр уагъд цӕуынц нывӕзтмӕ гӕсгӕ. Арӕзтадон фирмӕ "СТМ-Юг"-ы разамонӕг Коцты Олегы ныхӕстӕм гӕсгӕ, физикон куыстытӕ балхынцъ уыдзысты 15 декабры онг, уый фӕстӕ хъӕудзӕн ауадзын фӕлварӕн скуыст.

Хъайтарты уынгыл 118 хӕдзары арӕзтад цӕуы ӕмгъуыдӕй раздӕр. Афтӕ ма хорз темптӕй цӕуы Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгыл хӕдзары арӕзтад.

Бибылты Анатолий загъта йӕ хъуыды бирӕфатерон хӕдзары арӕзтады тыххӕй Знауыры поселочы.

"Объект ахиздзӕн фидӕн азы Инвестпрограммӕмӕ, фӕлӕ уӕддӕр ацы аз хъӕуы сӕххӕст кӕнын куыстыты ӕмбӕлон бӕрцуат. Темптӕ ацы объектыл хъӕуы фӕфылдӕр кӕнын", - банысан кодта президент.

Президент бафтыдта, зӕгъгӕ, объектты фылдӕр хайӕн документаци арӕзт цӕудзӕн ацы азы кӕрӕтты ӕмӕ ӕрсидт цӕстдарды организацитӕм, цӕмӕй оперативон куыст кӕной документтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0