Цхинвалы милиции скъоладзаутӕн ӕмбарын кӕны эпидемийы тӕссагдзинад

© Sputnik / Дриаты ЛейлаЦхинвалы милиции скъоладзаутӕн ӕмбарын кӕны эпидемийы тӕссагдзинад
Цхинвалы милиции скъоладзаутӕн ӕмбарын кӕны эпидемийы тӕссагдзинад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны  ахуыргæнæндæттæ уæззау эпидемиологон уавæры фæстиуæгæн рæстæгмæ æхгæд кæй сты, уый фæдыл скъоладзаутæн фæзынд фылдæр сæрибар рæстæг æмæ дзы бирæтæ, сæ уроктæ ахуыр кæныны бæсты, вæййынц æдзух уынгты

ЦХИНВАЛ, 3 ноя – Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы милицийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспектортæ уадзынц профилактикон рейдон мадзæлттæ скъоладзауты хсӕн. Азилынц горæты уынгы, паркты, горæты цады былты, æмæ дзы æнæххæст кары сывæллæтты куы баййафынц, уæд сæ бафæдзæхсынц, цæмæй уынгы бирæ рæстæг ма æрвитой, фæлæ уой сæ хæдзæртты æмæ æххæст кæной сæ ахуыргæнджыты хæслæвæрдтæ.

Хуссар Ирыстоны  ахуыргæнæндæттæ уæззау эпидемиологон уавæры фæстиуæгæн рæстæгмæ æхгæд кæй сты, уый фæдыл скъоладзаутæн фæзынд фылдæр сæрибар рæстæг æмæ дзы бирæтæ, сæ уроктæ ахуыр кæныны бæсты, вæййынц æдзух уынгты.

Дезинфекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ бавнӕлдтой скъолаты дезинфекцимӕ Цхинвалы

Горæт Цхинвалы управленийы æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады сæргълæууæг Гатайты Лалийы ныхæстæм гæсгæ, дистанцион ахуыры рæстæджы ахуырдзаутæн уыйбæрц сæрибар рæстæг ма хъуамæ уа.

"Бирæ ныййарджытæ бынтондæр сæ хъус нæ дарынц сæ сывæллæттæм, нæ сын дæттынц æмбæлон хъомылад æмæ афтæмæй махæй домынц, ома мын сæм дзæбæх нæ кæсут æмæ мын галиу кæнынц. Афтæ раст нæу, - дæхицæй бæрндзинад ма хъуамæ исай. Мах нæ куыст кæнæм, фæлæ сывæллонæн йæ хæдзары хъармдзинад никуы баивдзыстæм, нæдæр æй йæ ныййарджыты хуызæн схъомыл кæндзыстæм. Ӕрмæстдæр ныййарæгæй цæуы монон хъомылад, хорз æгъдæуттыл æй йæ хæдзары бафтауынц", - банысан кодта Гатайты Лали.

Уымæй уæлдай ма инспектортæ рейдон мадзæлтты рæстæджы сывæллæттæн æмбарын кæнынц эпидемийы тæссагдзинад æмæ сæ фæдзæхсынц, цæмæй сæхи хизой, бирæ адæм кæм вæййы, ахæм бынæттæй. Стæй ма, гæнæн уæвгæйæ , ма цæуой сæ хæдзæрттæй дард æмæ сæ ахуыры та фæсте ма зайой, фæлæ зæрдæргъæвдæй æххæст кæной сæ хæслæвæрдтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0