Хуссар Иры ивгъуыд суткӕйы коронавирусӕй амардысты дыууӕ адӕймаджы

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикон бирӕпрофилон медицинон центры радзырдтой "сырх зонӕты уавӕры" тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 4 ноя - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы вирусон пневмонийӕ, кӕцы фӕзынд коронавирусы тыххӕй, амардысты дыууӕ адӕймаджы, пандемийы амӕттӕгтӕ ныридӕгӕн баисты 14 адӕймаджы, фехъусын кодта Sputnik РБМЦ сӕйраг дохтыр Быценты Индира.

"Пандемийы рӕстӕджы коронавирусон инфекцийӕ амардысты 14 адӕймаджы, уыдонӕй дыууӕйӕ – ивгъуыд суткӕйы", - банысан кодта сӕйраг дохтыр.

Быценты Индирайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, медцентры "сырх зонӕтӕм" иу суткӕмӕ бакодтой 26 адӕймаджы вирусон пневмониимӕ.

Комкоммӕ линийы оператор  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры РБМЦ ӕмӕ "Югосетпотребнадзор"-ы кусынц комкоммӕ линитӕ коронавирусы фӕдыл

"Абоны бон инфекцион хайады сты 44 адӕймаджы, 149 пациенты та – сывӕллӕтты рынчындоны. Уыдонӕй уӕззау уавӕры сты аст рынчыны", - бахахх кодта уый.

Медцентры сӕйраг дохтыр бафтыдта, зӕгъгӕ, пациентты 50 процентӕн "сырх зонӕты" сбӕрӕг кодтой коронавирусон инфекци.

Дыццӕджы РБМЦ сывӕллӕтты рынчындоны "сырх зонӕмӕ" бацыд президент Бибылты Анатолий. Уый федта рынчынты хоскӕнынады уавӕртӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ, кӕцытыл сӕмбӕлынц дохтыртӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕг бафхӕрдта медицинон уагдӕтты куысты организаци ӕмӕ ӕрдомдта, цӕмӕй аиуварс кӕной фиппаинӕгтӕ.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй. Карантины фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй иу мин рынчынӕй фылдӕр, 14 адӕймаджы амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0