Хуссар Ирыстоны кинокомпанийы фильм райста ӕхсӕнадӕмон фестивалы сӕрмагонд приз

© AllonFilmAllonFilm
AllonFilm - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсæддон-патриотикон кинонывты æмæ алæвæрдты X-æм æхсæнадæмон фестиваль "Ӕнусон арт" ацыд Волгограды, ацы аз пандемийы аххосæй уыд онлайн форматы

ЦХИНВАЛ, 9 ноя – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны киностудийы фильм рахицӕн кодтой æхсæнадæмон фестиваль "Ӕнусон арт"-ы диплом "За верность теме"-йӕ, фехъусын кодта Sputnik киностуди "Allonfilm"-ы хистæр Мамиты Григорий.

Ӕфсæддон-патриотикон кинонывты æмæ алæвæрдты X-æм æхсæнадæмон фестиваль "Ӕнусон арт" ацыд Волгограды, ацы аз пандемийы аххосæй уыд онлайн форматы. Хуссар Ирыстон культурон мадзалы бавдыстгонд у дыууæ кинонывæй - "Фарастæй иумæ" æмæ "Пари со смертью", дипломы аккаг скодтой дыккаг кинонывы.

"Нӕ кинокомпанийы фильм "Пари со смертью" рахицӕн кодтой диплом "За верность теме". Тема та нын у райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинад ӕмӕ хъайтардзинад. Стӕй ма уый бӕрц куыстыты хсӕн ӕмӕ стыр Уӕрӕсейы нӕ куыст нымад кӕй рцыд, уый кады аккаг у ӕмӕ нӕ разӕнгард кӕны фылдӕр саразынмӕ", - загъта Мамиты Григорий.

Уымæй размæ фестивалы архайгæйæ Хуссар Иры минæвæрттæ райстой сæрмагонд приз "Хуыздæр сценарий", уæд бавдыстой аивадон-документалон киноныв "IRON VANDEE".

"Пари со смертью" ист у Паддзахадон ӕдасдзинады раздӕры ӕнӕштатон кусӕг, паддзахадон хорзӕхты кавалер Колыты Иналы уæззау хъысмæтыл. Уый Хуссар Иры ПӔК-ы амындмӕ гӕсгӕ сразы ис Гуырдзыстоны сӕрмагонд службӕт

Ног хабӕртты лентӕ
0