Хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" уары хостӕ коронавирусӕй рынчынтӕн Цхинвалы

Рафыссын
Фонд "Мах ныфс"-ӕн хӕрзаудӕн акцитӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнынц куыд бынӕттон, афтӕ фӕсарӕнты цӕрӕг адӕм дӕр

ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" уары хъахъхъӕнӕн ӕрмӕджытӕ ӕмӕ медикаменттӕ Цхинвалы. Хӕрзгӕнджыты адресаттӕ ссисты РБМЦ коронавирусӕй рынчынтимӕ цы хайадтӕ архайынц ӕмӕ хӕдзӕртты чи хос кӕнынц, уыцы адӕм. 

Хӕрзаудӕн фонд Мах ныфс байуæрста хæлцадон продуктты фондз сæдæ тыхтоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хӕрзаудӕн фонд "Мах ныфс" байуæрста хæлцадон продуктты фондз сæдæ тыхтоны

Фондӕн хӕрзаудӕн акцитӕ аразынӕн ӕххуыс кӕнынц бынӕттон ӕмӕ фӕсарӕнты цӕрӕг адӕм.

"Фонд раразмӕ кодта хъӕппӕрис баххуыс кӕнын медикаменттӕй рынчындонӕн ӕмӕ  коронавирусӕн хӕдзӕртты чи хос кӕны, уыцы адӕмӕн. Нӕ фарсмӕ балӕууыдысты не 'мзӕххонтӕ Цӕгат Ирыстонӕй ӕмӕ Санкт-Петербургӕй. Бахъаты Алина ӕрырвыста хосты егъау гуырахст ӕмӕ фондз мин маскӕйы. Гуыцмӕзты Анжела ӕмӕ Сотиты Дарья ӕрырвыстой, ацы низӕн хос кӕнынӕн медикаменттӕ цы хъӕуы, уыдон се 'ппӕт дӕр", - радзырдта Sputnik фонды хистӕр Гаглойты Таира. 

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хостӕ хӕссынц адӕм сӕхӕдӕг, ӕххуысы иу хай та радтой рынчындонӕн.

"Хъахъхъӕнӕн ӕрмӕг радтам медиктӕн, кӕцытӕ кусынц "сырх зонӕ"-йы. Хостӕ ӕмӕ витаминтӕм адӕм цӕуынц ӕмӕ сӕ хӕссынц бынатӕй. Бирӕ хостӕн се 'ссарӕн нӕй, цыдӕртӕ та зынаргъ сты, ӕмӕ бирӕ бинонтӕн уый бӕрц фӕрӕзтӕ нӕй. Цӕуынц нӕм адӕм хъӕутӕй дӕр", - бафтыдта уый.

Фонды разамонӕг ма банысан кодта, сӕ хӕрзаудӕн мадзӕлттӕ дарддӕр дӕр кӕй кӕндзысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0