Президент: Дзабиты Иналы хъуыддаг ӕввахс рӕстӕджы бадӕтдзысты тӕрхондонмӕ

© SputnikБибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры æхсæнады уавæр скарз ис Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал криминалон милицийы бафарсты рæстæджы нады фæстиуæгæн куы фæмард 28 августы, уый фæстæ. Президент Бибылты Анатолий хъуыддаджы фӕдагуырды тыххӕй радзырдта эксклюзивон интервьюйы Sputnik-ӕн

ЦХИНВАЛ, 11 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Экспертизӕты фӕстиуджытӕ, кӕцытӕ снысан кодтой Цхинвалы цӕрӕг Дзабиты Иналы амарыны фӕдыл уголовон хъъуыддаджы фӕлгӕтты, бӕрӕг уыдзысты ӕввахс рӕстӕджы. Уый фӕстӕ хъуыддаг бадӕтдзысты тӕрхондонмӕ, загъта президент Бибылты Анатолий эксклюзивон интервьюйы Sputnik-ӕн.

Президенты пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæй тыххæй? Хуссар Иры президент сдзуапп кодта генпрокуроры отставкæйы тыххæй

Дзабиты Иналы мæлæт æхсæнады сæвзæрын кодта стыр резонанс. Йæ фæстæ Цхинвалы ацыд митингтæ, адæм домдтой, цæмæй йæ бынатæй сæрибар æрцæуа Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æфхæрд æрцæуой азымджынтæ.

"Ис нӕм информаци, къуырийы дӕргъы экспертизӕтӕ кӕй уыдзысты цӕттӕ. Ӕз ӕмбарын ныййарджытӕ ӕмӕ нӕ ӕхсӕнады позици, кӕцыты дзурынц, ома бирӕ рӕстӕг рацыд, ӕмӕ фӕстиуджытӕ нырма нӕй. Фӕлӕ дзы бирӕ процедурӕтӕ ис, кӕцыты фӕстӕ хъуыддаг гӕнӕн ис бадӕттын тӕрхондонмӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

Президент банысан кодта, хъуыддагмӕ кӕй ӕрбаздахтой УФ Хъахъхъӕнынады министрады тӕрхондоны медицинон экспертты.

"Цӕмӕй фӕстиуджытыл ма дызӕрдыг кӕной, уый тыххӕй мах ӕрбаздахтам УФ Хъахъхъӕнынады министрады тӕрхондоны медицинон экспертты. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕввахс рӕстӕджы процедурӕтӕ иууылдӕр фӕуыдзысты, ӕмӕ хъуыддаг бадӕтдзысты тӕрхондонмӕ", - бафтыдта президент.

Генералон прокуратурӕйы фӕдагуырды хайад 28 августы бакодта угодовон хъуыддаг Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕдыл, кӕцыйы ӕрурӕдтой МХМ сӕргълӕууӕг Наниты Игоры амарын бафӕлварынмӕ зӕрдӕхсайыны тыххӕй. Уый фӕстӕ отставкӕйы арвыстой хицауады, кӕцыйы ног сконд нырма дӕр не сфидар кодтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0