Хуссар Иры арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ адарддӕр кодтой иу мӕймӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы раздӕр цы арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ бакодтой, уыдон ӕмгъуыд фӕуд кодта 15 ноябры

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik, Козаты Диана. Коронавирусон инфекцийы апарахат ма ‘руадзыны фӕдыл оперативон штаб аскъуыддзаг кодтой адарддӕр кӕнын арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ Хуссар Ирыстоны ноджы иу мӕймӕ – 15 декабры онг.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 57 ног рынчыны

Штабы рабадт ацыд майрӕмбоны президент Бибылты Анатолийы къухдариуӕгады бын, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ. Паддзахады сӕргълӕууӕг банхъардта адарддӕр кӕнын арӕнӕвӕрдтӕ дыууӕ къуырийы бӕсты иу мӕймӕ.

"Ацы мадзӕлттӕ сты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ. Ацы скъуыддзаг махӕн аивыны фадат алыхатт дӕр уыдзӕн, фӕлӕ адӕм хъуамӕ зоной, пандеми тагъд кӕй нӕ фесӕфдзӕн", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Нысангонд ӕмгъуыдмӕ карантиныл ӕхгӕд уыдзысты ахуырадон уагдӕттӕ, сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн центртӕ, аттракционтӕ, компьютерон клубтӕ, физикон культурӕ ӕмӕ спорты объекттӕ.

"Сӕрмагонд барамынды онг тобӕ ӕвӕрд уыдзӕн культурон-массон, спортивон, хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ ӕмӕ чындзӕхсӕвтӕ уадзыныл. Афтӕ ма оперативон штаб рекомендаци кӕны цӕрджытӕн фӕкъаддӕр кӕнын уазджыты нымӕц массон динон мадзӕлтты ӕмӕ зиӕнтты", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уымӕй дарддӕр, Бибылты Анатолий банысан кодта, республикӕйы цӕрджытӕ бӕрнондӕр ахаст кӕй дарынц сӕрмагонд хъахъхъӕнынадмӕ, адӕм ӕмбарынц, сӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ исой мадзӕлттӕ, цӕмӕй сыл низ ма бахӕца.

Афтӕ ма президент загъта бузныг амалиуӕггӕнджытӕн, кӕцытӕ сӕ хъус дарынц маскӕйон режим ӕххӕст кӕнынмӕ сӕ уагдӕтты, уыдон уымӕй ӕххуыс кӕнынц тох кӕнын вирусимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0