"Аразут национ мулк": Бибылты Анатолий раарфӕ кодта хъӕууон хӕдзарады кусджытӕн

© пресс-служба Министерства сельского хозяйстваБибылты Анатолий раарфӕ кодта хъӕууон хӕдзарады кусджытӕн
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта хъӕууон хӕдзарады кусджытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады кусджытӕ нысан кӕнынц сӕ профессионалон бӕрӕгбон. Ацы цауы фӕдыл сын раарфӕ кодта паддзахады сӕргълӕууӕг

ЦХИНВАЛ, 17 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъӕууон хӕдзарады кусджыты гӕнӕн ис схонын фӕллой уарзӕг ӕмӕ фидар адӕм, кӕцытӕ уарзынц сӕ райгуырӕн зӕхх, фехъусын кодта йӕ арфӕйы хъӕууон хӕдзарады фадыджы кусджытӕн президент Бибылты Анатолий.

"Национ хӕзнатӕ аразгӕйӕ, хуссарирыстойнаг аграритӕ хӕссынц стыр хайбавӕрд нӕ бӕстӕйы социалон-экономикон потенциал бавӕрыны хъуыддагмӕ", - дзырдӕуы арфӕйы тексты, кӕцы мыхуыргонд ӕрцыд республикӕйы сӕргълӕууӕджы сайтыл.

Афтӕ ма президент загъта бузныг ацы фадыджы кусджытӕн сӕ куыстмӕ иузӕрдыгдзинады тыххӕй, ӕмӕ бахахх кодта, уыдон дарддӕр дӕр кӕй араздзысты алцыдӕр, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕной хъӕууон хӕдзарады фадыджы эффективондзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0