Иу кæны ирон адæмы: президент раафæ кодта Иры цæрджытæн Уастырджийы бæрæгбоны фæдыл

© ВКонтактеУастырджы
Уастырджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрбалæгæ къуыри Ирыстоны æмæ хуссары адæм сæхи фæфæдзæхсынц Сыгъдæг Уастырджийæн

ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik. Президент Бибылты Анатолий раафæ кодта Ирыстоны цæрджытæн Сыгъдæг Уастырджий кувæн къуырийы райдайæны фæдыл.

Ӕрбалæгæ къуыри Ирыстоны æмæ хуссары адæм сæхи фæфæдзæхсынц Сыгъдæг Уастырджийæн.

"Зынаргъ æмбæстæгтæ! Арфæ уын кæнын стыр, æппæтадæмон бæрæгбон, Уастырджимæ кувæн бонты фæдыл! Сыгъдæг æууæнк æмæ рагон æгъдæуттæй йемыдзаг уаз бæрæгбон иу кæны ирон адæмы алы фæлтæрты дæр, у национ иудзинад æмæ рæстæджыты æнæаскъуынгæ бастдзинады символ", - дзырдæуы йæ арфæйы телы.

Бибылты Анатолий ма йæ арфæйы банысан кодта, ацы бæрæгбоны адæм кæй кувынц уæларвон тыхтæм сабырад æмæ, куыд алы хæдзары бинонтæн, афтæ æппæт нæ Фыдыбæстæйы фæрныгады тыххæй.

Бибылты Анатолий раарфӕ кодта хъӕууон хӕдзарады кусджытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Аразут национ мулк": Бибылты Анатолий раарфӕ кодта хъӕууон хӕдзарады кусджытӕн

"Æнæхъæн къуырийы дæргъы алы ирон хæдзары дæр кувдзысты фыдыбæстæйы фæрныгадæн, Ирыстоны адæмы рæсугъд фидæны тыххæй. Уадз фехъуысæд уыцы куывдтытæ Стыр Хуыцау æмæ Уастырджимæ, нæ Фыдыбæстæ нын бахизæд æппæт æнамонддзинæдтæ æмæ фыдбылызтæй, Ирыстоны алы хæдзарæн дæр балæвар кæнæд фæрныгад æмæ амонд! Æнæниздзинад, æхсызгондзинад æмæ царды хæрзтæй хайджын ут, зынаргъ æмбæстæгтæ, Ирыстоны адæм, сабырдзинад, фæрныгад æмæ размæцыд уæд нæ Фыдыбæстæйы!", - хъусын кæны президенты сайт.

Ног хабӕртты лентӕ
0