Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ сдезинфекци кодтой Хуссар Иры МХМ бӕстыхай

© Sputnik / Наталья АйриянУӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ сдезинфекци кодтой Хуссар Иры МХМ бӕстыхай
Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ сдезинфекци кодтой Хуссар Иры МХМ бӕстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы уӕрӕсейаг мобилон госпиталы радиацион, химикон ӕмӕ биологон хъахъхъӕнынады дӕлхайады ӕфсӕддонтӕ сдезинфекци кодтой МХМ бӕстыхай

ЦХИНВАЛ, 24 ноя - Sputnik. Уӕрӕсейаг мобилон госпиталы радиацион, химикон ӕмӕ биологон хъахъхъӕнынады дӕлхайады ӕфсӕддонтӕ сдезинфекци кодтой Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) бӕстыхай, цӕмӕй ма ‘руадзой коронавирусы апарахат, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Ӕфсӕддонтӕ сӕрмагонд ифтоггарзӕй сдезинфекци кодтой службӕйон бӕстыхӕйттӕ ӕмӕ ӕввахс территори, банысан кодтой МХМ.

© МВД РЮОУӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ сдезинфекци кодтой Хуссар Иры МХМ бӕстыхай
Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ сдезинфекци кодтой Хуссар Иры МХМ бӕстыхай - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ сдезинфекци кодтой Хуссар Иры МХМ бӕстыхай

Хуссарирыстойнаг медиктӕм ӕххуысмӕ ӕрцыдысты УФ Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон дохтыртӕ. Ӕфсӕддон-быдырон госпиталь сӕвӕрдтой горӕты стадионы территорийыл, уый райдыдта исын пациентты.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1,8 минмӕ ӕввахс фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй сӕнӕниз сты 570 пациенты. Республикӕйы 15 декабры онг ис арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой массон мадзӕлттӕ уадзыныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0