Мӕ сӕрӕй уын ныллӕг кувын: Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Иры мӕдтӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Бибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы президент раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны сылгоймӕгтӕн Мады боны цытӕн, кӕцы нысан кӕнынц 25 ноябры

ЦХИНВАЛ, 25 ноя - Sputnik. Президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Хуссар Ирыстоны мӕдтӕн хъарм бӕрӕгбон – Мады боны цытӕн.

"Иууыл рӕсугъддӕр эпитеттӕ дӕр нӕ равдисдзысты мады зӕрдӕйы уарзондзинад. Цасфӕнды азтӕ ныл ма цӕуа, уӕддӕр мах алыхатт дӕр хъӕуы мады уарзондзинад ӕмӕ зӕрдӕхсайд", - дзырдӕуы республикӕйы сӕргълӕууӕджы арфӕйы тексты.

Бибылты Анатолий бахахх кодта, мады уарзондзинад кӕй ӕххуыс кӕны фӕуӕлахиз кӕнын царды зындзинӕдтыл.

Мады бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры цæрджытæ сæ зæнæгæн фиддонтæ райсдзысты Уæрæсейы

"Нӕ царды фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ сымах хъахъхъӕнут мах зындзинӕдтӕй. Ӕмӕ абоны бӕрӕгбон дӕтты фадат ноджы иу хатт скад кӕнын сымахӕн. Сымахӕн ис ӕнӕаргъ хайбавӕрд бынонты традицитӕ ӕмӕ бӕстӕйы аккаг ӕмбӕстӕгтӕ схъомыл кӕныны хъуыддагмӕ", - фехъусын кодта президент.

Афтӕ ма президент сӕрмагонд бузныг загъта бирӕсывӕллонджын мӕдтӕн ӕмӕ ныййарджытӕн, кӕцытӕ хъомыл кӕнынц низӕфхӕрд сабиты.

"Мӕ сӕрӕй уын ныллӕг кувын! Мӕ цӕст уын уарзы фидар ӕнӕниздзинад, бирӕ царды бонтӕ ӕмӕ хӕрзӕбон!", - банысан кодта президент.

Ног хабӕртты лентӕ
0