Хуссар Иры фыццаг информагентадыл сӕххӕст 25 азы. Sputnik раарфӕ кодтой сӕ коллегӕтӕн

© Sputnik / Наталья Айриян"Рес"-ы сайт
Рес-ы сайт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Агентад сарӕзтой Хуссар Ирыстоны уӕззау рӕстӕджыты, ӕмӕ йӕ сӕвзӕрдӕй фӕстӕмӕ ссис республикӕйы

ЦХИНВАЛ, 2 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фыццаг паддзахадон информацион агентад "Рес" ӕртыццӕджы нысан кӕны йӕ сӕвзӕрдыл 25 азы сӕххӕст. Агентад сарӕзтой республикӕйы информаци ӕмӕ мыхуыры министрады цур 1995 азы 2 декабры 1989-2008 азты Фыдыбӕстон хӕсты рӕстӕджы.

Информацион агентадыл сӕвӕрдтой хох Ресы ном. Хох Рес ис дыууӕ республикӕйы хсӕн ӕмӕ йын ис стыр нысаниуӕг Ирыстоны алкӕцы патриотӕн дӕр. Ацы хохӕн йӕ поэмӕйы скад кодта номдзыд ирон поэт Плиты Хаджумар. Уый у Ирыстоны иудзинады символ.

"Рес"-ӕн официалон сайт фӕзынд 2003 азы 7 апрелы, уый фӕдыл интернеты алкӕцы пайдагӕнӕгӕн дӕр фӕзынд фадат исын информаци РХИ цауты тыххӕй.

"Фӕлтӕрддзинад равдыста, Хуссар Ирыстоны мидӕггагон ӕмӕ ӕддагон политикӕмӕ кӕй ис стыр интерес. Абоны бон ног хабӕрттӕ ӕмӕ комментаритӕ, кӕцытӕ вӕййынц cominf.org сайтыл, пайда кӕнынц сӕ хъусинӕгты дард ӕмӕ ӕввахс фӕсарӕнты автоитетон ДИФ-тӕ. Сайтыл ӕрвылбонон ног хабӕрттӕй дарддӕр ис информаци Хуссар Ирыстоны историйы тыххӕй, аналитикӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр", - банысан колдта агентады разамонӕг, РХИ сгуыхт журналист Харебаты Мая.

Информацион агентад ӕмӕ радио Sputnik Хуссар Ирыстоны коллегтив арфӕ кӕнынц "Рес"-ы кусджытӕн, ӕмӕ сын сӕ цӕст уарзы ног сфӕлдыстадон ӕнтыстытӕ, хорз ног хабӕрттӕ, хӕрзӕбон ӕмӕ сабырдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0