Фонд "Лӕвар базырты" сӕргълӕууӕг: карантин ӕрурӕдта коррекцион къласы куыст Цхинвалы

© Sputnik / Наталья АйриянКоррекцион кълас Цхинвалы
Коррекцион кълас Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕрзаудӕн фонд "Лӕвар базыртӕ"-йы разамонӕг Цхуырбаты Татьяна радзырдта Sputnik пандеми куыд бандӕвта коррекцион къласы ахуырыл, уый тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 2 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Карантин ӕрурӕдта сывӕллӕттимӕ куыст коррекцион къласы, кӕцы сарӕзта 2018 азы хӕрзаудӕн фонд "Лӕвар базыртӕ", радзырдта Sputnik фонды разамонӕг Цхуырбаты Татьяна.

Коррекцион кълас бакодтой Цхинвалы ныййарджыты куырдиатӕй. Къласы сывӕллӕттимӕ кусынц хъазты формӕйы, уадзынц къордон ӕмӕ сӕрмагонд уроктӕ, психолог та сын ӕххуыс кӕны ӕхсӕнады цардмӕ ӕрбаиу кӕнын.

"Сывӕллӕттӕн ахуыртӕ куы ӕруромынц, уӕд уый тынг ӕвзӕр у, уымӕн ӕмӕ уыдон ферох кӕнынц сӕ зонындзинӕдтӕ", - загъта Цхуырбаты Татьяна.

Скъоладзаутӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры райдиан скъола ӕрӕвнӕлдта ахуырмӕ карантины фӕстӕ
Афтӕ ма Цхуырбаты Татьяна бафтыдта, зӕгъгӕ, коррекцион къласы дуӕрттӕ бакӕндзысты республикӕйы ахуырадон уагдӕттӕ куы бакӕной, уӕд.

Хуссар Ирыстоны 24 ноябрӕй ахуыр райдыдта кӕстӕр кълӕсты, афтӕ ма йӕ дуӕрттӕ бакодта скъолайы агъоммӕ къорд ӕмӕ Цхинвалы скъола-интернаты коррекцион кълас.

Хӕрзаудӕн фонд сывӕллӕтты ӕххуысӕн "Лӕвар базыртӕ" кусы Хуссар Ирыстоны 2017 азӕй фӕстӕмӕ. Фонд ӕмбырд кӕны фӕрӕзтӕ уӕззау рынчын сывӕллӕтты ӕххуысӕн, организаци кӕны хӕрзаудӕн культурон мадзӕлттӕ, фестивальтӕ, равдысттӕ ӕмӕ армукъатӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0