Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ фесты Хуссар Иры объекты дезинфекци

© Пресс-служба ЮВОУӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ фесты Хуссар Иры объекты дезинфекци
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ фесты Хуссар Иры объекты дезинфекци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсӕддонтӕ ауагътой дезинфекци спортивон объектты, ахуырадон уагдӕтты, республикон рынчындоны, афтӕ ма республикӕйы базарадон объектты дӕр

ЦХИНВАЛ, 8 дек - Sputnik. Хуссар ӕфсӕддон зылды радиацион, химикон ӕмӕ биологон хъахъхъӕнынады ӕфсӕддонтӕ фесты Хуссар Ирыстоны социалон ахсджиаг объектты дезинфекци. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

"Мӕйы дӕргъы специалисттӕ бакуыстой дезинфекцион фӕрӕзтӕй 60 бӕстыхайыл, 190 мин квадратон метры территори ӕмӕ фӕндӕгтыл", - радзырдта Хуссар ӕфсӕддон зылды командӕгӕнӕг, ӕфсады инӕлар Александр Дворников.

Ӕфсӕддонтӕ ауагътой дезинфекци спортивон объектты, ахуырадон уагдӕтты, республикон рынчындоны, афтӕ ма республикӕйы базарадон объектты дӕр. Специалистты лабораторийы сарӕзтой 2 минмӕ ӕввахс тесты коронавирусы фӕдыл республикӕйы цӕрджытӕн.

Ныртӕккӕ Хуссар ӕфсӕддон зылды радиацион, химикон ӕмӕ биологон хъахъхъӕнынады ӕфсӕддонтӕ ацыдысты Хуссар Ирыстоны территорийӕ сӕ дислокацийы бынатмӕ Волгограды областмӕ. Сӕрмагонд хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн къорды сконды уыдысты 25 ӕфсӕддоны ӕмӕ сӕрмагонд техникӕйы 9 иуӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0