Гуырдзыстоны ӕмбӕстаджы, кӕцы агуырдта Хуссар Иры политикон ӕмбӕхсӕн, радтой Гуырдзыстонӕн

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры арӕн
Хуссар Иры арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тбилисы цӕрӕг ахызт арӕны сӕрты ӕвзӕр медицинон лӕггӕдтӕ, цардуагон уавӕрты цухдзинад ӕмӕ йын куысты бынат кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй, банысан кодтой ПӔК

ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад радта Гуырдзыстонӕн йӕ ӕмбӕстаг Реваз Беридзейы, кӕцы ноябры фехӕлдта республикӕйы паддзахадон арӕн, ӕмӕ ракуырдта политикон ӕмбӕхсӕн, хъусын кӕны РХИ Паддзахадон ӕдасдзинады (ПӔК) пресс-службӕ.

Хуссар Иры арӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ПӔК фехъусын кодта арӕны фехӕлдты нымӕцы фӕкъаддӕры тыххӕй сентябры

Уагдоны радзырдтой, 24 ноябры Беридзе кӕй ахызт арӕны уылты Цхинвалы хуссайраг кӕроны ӕмӕ йӕхи радта хуссарирыстойнаг тыхон структурӕты къухтӕм Паддзахадон автоинспекцийы стационарон постыл.

"Равзӕрстты рӕстӕджы Беридзе фехъусын кодта аххосӕгтӕ, кӕцыты тыххӕй уый ахызт арӕны сӕртыл: - ӕвзӕр медицинон лӕггӕдтӕ, цардуагон уавӕрты цухдзинад ӕмӕ йын куысты бынат кӕй нӕ уыд, уый. Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг радзырдта, бирӕ хатт кӕй бадзырдта хицауадмӕ, цӕмӕй йын баххуыс кӕной, фӕлӕ дзуапп нӕ райста. Беридзейы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гуырдзыстоны ахӕм адӕм тынг бирӕ ис", - радзырдтой ПӔК.

Гуырдзыстоны эпидемиологон уавӕры тыххӕй Беридзе радзырдта, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады системӕ кӕй нӕ тых кӕны бирӕнымӕц пациенттӕн хос кӕныныл, нӕй дзы хостӕ, фӕзынаргъдӕр сты медицинон лӕггӕдтӕ.

"Ацы факторты тыххӕй Беридзе фехӕлдта паддзахадон арӕн ӕмӕ ракуырдта ӕххуыс РХИ къухдариуӕгадӕй. Ацы цауы фӕдыл нӕй гӕнӕн бамбарын Европейаг цӕдисы цӕстдарджыты позици, кӕцытӕ сӕ цӕстытӕ сӕхгӕдтой Гуырдзыстоны цӕрджыты уӕззау социалон-экономикон уавӕрыл, кӕцытӕ ныууадзынц сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ агурынц ӕххуыс Хуссар Ирыстоны", - банысан кодтой комитеты.

Реваз Беридзе Хуссар Ирыстоны арӕн кӕй фехӕлдта политикон ӕмбӕхсӕн агургӕйӕ, уый фӕдыл 1 декабры Сырх Дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты ӕмархайдӕй йӕ радтой гуырдзиаг фарсӕн ӕнӕ иварон санкцитӕй, бафтыдтой ПӔК.

Ног хабӕртты лентӕ
0