Дзауы районы хъӕуы аразынц канализацион ӕмӕ донуадзӕн хӕххытӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуыцъе
Хуыцъе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыцъейы хъæуы трассæмæ æввахс чи цæрынц, уыдоны хæдзæрттæн сæ канализацион дæттæ иууылдæр цыдысты Транскамы фæндагмæ æмæ-иу дзы уымæ хæстæг сырæзтысты цæдтæ, уый та æвзæрын кодта антисанитарион уавæр

ЦХИНВАЛ, 10 дек – Sputnik, Дриаты Лейла. Дзауы районы Хуыцъейы хъӕуы ӕрӕвнӕлдтой канализацион хахх аразынмӕ. Куыстытӕ ӕххӕст цӕуынц районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тыхтӕй, фехъусын кодта Sputnik йӕ хистӕр Цхуырбаты Тамерлан.

зауы районы цалцӕг кӕнынц хъӕуы администрацийы бӕстыхайа - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уыдзӕн ногы хуызӕн: Дзауы районы цалцӕг кӕнынц хъӕуы администрацийы бӕстыхай

Хуыцъейы хъæуы трассæмæ æввахс чи цæрынц, уыдоны хæдзæрттæн сæ канализацион дæттæ иууылдæр цыдысты Транскамы фæндагмæ æмæ-иу дзы уымæ хæстæг сырæзтысты цæдтæ, уый та æвзæрын кодта антисанитарион уавæр. Зымæг та-иу уыцы цæдтæ æмæ фæндаг йæхæдæг дæр ныих. Ацы проблемæйыл цæрджытæ рагæй дзырдтой, фæлæ ныр æрхæццæ йæ аскъуыддзаг кæныны рæстæг дæр.

"Мах æрæвнæлдтам ацы куыстмæ æмæ хъуамæ саразæм 450 метры дæргъӕн канализацион хахх. Уымæй дарддæр ма нын бахæс кодтой, цæмæй ма ацы хъæуæн сæ нуазыны доны хæтæл дæр раивæм ногæй, уымæн æмæ у зæронд", - загъта Цхуырбаты Тамерлан.

ЦКХ хистӕр ма бафтыдта, ацы азы планмæ хаст кӕй æрцыдис, цæмæй нуазыны доны сæйраг хæтæл дæр ивд æрцæуа 450 метры дæргъæн, фæлæ хæдзæрттæм та дон уадздзысты ӕрбалӕугӕ азы.

Ног хабӕртты лентӕ
0