ХИПУ музейы коллекци баххӕст кодтой нывгӕнӕг Джиоты Магрезы куыстытӕ

© Sputnik / Наталья АйриянДжиоты Магрез
Джиоты Магрез - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуыри раздӕр ХИПУ цытджын ӕгъдауӕй бакодтой этнографи ӕмӕ бӕстӕзонынады музей, цы ран ӕмбырдгон ӕрцыдысты экспонаттӕ истори, археологи ӕмӕ этнографийы фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 11 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты этнографи ӕмӕ бӕстӕзонынады музей баххӕст ис ног экспонаттӕй. Ахуырадон уагдоны пресс-службӕйы куыд радзырдтой Sputnik, афтӕмӕй йӕ куыстытӕ музейӕн балӕвар кодта ӕвзонг хуссарирыстойнаг нывгӕнӕг Джиоты Магрез.

"Цхинвалы цӕрӕг, ӕвзонг перспективон нывгӕнӕг Джиоты Магрез балӕвар кодта университетӕн дыууӕ панорамон нывы "Ирыстон Мад" серийӕ", - загътой университеты.

Нывгӕнӕг йӕхӕдӕг радзырдта Sputnik уацхӕссӕгӕн, тынг ӕхсызгонӕй кӕй радта музейӕн йӕ дипломон куыстытӕ, кӕцытӕ снывонд кодта ирон адӕмӕн, йӕ традицитӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕн.

© Пресс-служба ЮОГУДжиоты Магрезы куыстытӕ
ХИПУ музейы коллекци баххӕст кодтой нывгӕнӕг Джиоты Магрезы куыстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Магрезы куыстытӕ

"Нывтӕ сты дыууӕ – централон "Мад Ирыстон", дыккаг та  - дипломон куысты фрагмент. Сылгоймаг ам у рӕсугъддзинады, хӕдзарон хъармдзинады символ. Сылгоймаг у сабырдзинад", - банысан кодта Магрез.

ХИПУ пресс-службӕйы бафтыдтай, ацы бонтиы ма Цӕгат Иры цӕрӕг Марзайты Валерий дӕр йӕхи сӕрмагонд коллекцийӕ музеймӕ кӕй радта ноджы иу зынаргъ экспонат – стӕм джебогъ-кард немыцаг винтовкӕ "Маузер"-ы кӕрддзӕмимӕ.

© Пресс-служба ЮОГУДжиоты Магрезы куыстытӕ
ХИПУ музейы коллекци баххӕст кодтой нывгӕнӕг Джиоты Магрезы куыстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Магрезы куыстытӕ

Къуыри раздӕр ХИПУ цытджын ӕгъдауӕй бакодтой этнографи ӕмӕ бӕстӕзонынады музей, цы ран ӕмбырдгон ӕрцыдысты экспонаттӕ истори, археологи ӕмӕ этнографийы фӕдыл. Музейы фонд дарддӕр дӕр цӕудзӕн ӕххӕст.

Ног хабӕртты лентӕ
0