Ӕфсӕддонты сахъатдзинады фӕдыл Хуссар Ир ӕмӕ УФ хсӕн бадзырдмӕ ӕркӕсдзӕн Паддзахадон думӕ

© Sputnik / Александр Уткин /  Ахизын медиабанкмæӔфсӕддонты сахъатдзинады фӕдыл Хуссар Ир ӕмӕ УФ хсӕн бадзырдмӕ ӕркӕсдзӕн Паддзахадон думӕ
Ӕфсӕддонты сахъатдзинады фӕдыл Хуссар Ир ӕмӕ УФ хсӕн бадзырдмӕ ӕркӕсдзӕн Паддзахадон думӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг хицауад бахаста ӕмбӕлон документ дыццӕджы УФ Паддзахадон думӕйы ӕркастмӕ

ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik. УФ Паддзахадон думӕ ӕркӕсдзӕн Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн бадзырдмӕ Хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрады кусджыты сахъатдзинады документтӕ банымайыны фӕдыл. Документ ныммыхуыр кодтой УФ парламенты электронон базӕйыл.

Хуссар Иры райстой сахъатты социалон хъахъхъæды фæдыл закон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры райстой сахъатты социалон хъахъхъæды фæдыл закон

Бадзырд бафыстой ацы аз 17 марты Мӕскуыйы, дзырдӕуы законы проекты тексты.

"Бадзырды нысаниуӕг у Уӕрӕсейы Федераци ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы райрӕзты барадон ӕмӕ организацион бындурты арӕзтад", - дзырдӕуы документы.

Бадзырд ратдзӕн фадат адӕмӕн ӕвзарын пенсион ифтонгад УФ кӕнӕ Хуссар Ирыстоны законадмӕ гӕсгӕ.

Афтӕ ма нысангонд ӕрцыд, бадзырды реализацимӕ уӕрӕсейаг фарсӕй сӕ хъус дардзысты Фӕллойады министрад, Хъахъхъӕыннады министрад ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрад, хуссарирыстойнаг фарсӕй та – Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад, Хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ Мидхъуыддӕгты министрад.

Ног хабӕртты лентӕ
0