Цхинвал баззад ӕнӕ донӕй магистралон донуадзӕныл аварийы тыххӕй

CC BY 2.0 / Steve Johnson / Running faucetЦхинвал баззад ӕнӕ донӕй магистралон донуадзӕныл аварийы тыххӕй
Цхинвал баззад ӕнӕ донӕй магистралон донуадзӕныл аварийы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны столицӕмӕ дон нал цӕуы аварийы тыххӕй, горӕты службӕтӕ дзырд дӕттынц аиуварс кӕнын проблемӕ изӕрмӕ

ЦХИНВАЛ, 17 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Магистралон донуадзӕн Едыс-Цхинвалыл цыппӕрӕмы ӕрцыд авари, уый тыххӕй столицӕмӕ дон рӕстӕгмӕ нал цӕуы, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы сӕйраг инженер Джиоты Инга.

Уый банысан кодта, авари кӕй аиуварс кӕндзысты ӕввахс рӕстӕджы.

"Дзауы районы Хуыцъейы хъӕуы цур ӕрцыд авари. Бынатмӕ ныридӕгӕн ацыд бригадӕ, кӕцы райдыдта цалцӕггӕнӕн куыстытӕ. Мах абон хъуамӕ аиуварс кӕнӕм проблемӕ", - загъта Джиоты Инга.

Уый ма бахахх кодта, цыппӕрӕмы изӕры кӕнӕ та майрӕмбоны райсом дон цӕудзӕн столицӕмӕ хуымӕтӕг режимы.

Ног хабӕртты лентӕ
0