Хуымӕтӕг гӕххӕтт нӕу: Хуссар Иры парламенты вице-спикер 2021 азмӕ бюджет райсыны тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Гасситы Петр
Гасситы Петр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны парламенты сесси ӕртыццӕджы нӕ ацыд, уымӕн ӕмӕ депутатты хай не рбацыд рабадтмӕ

ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджет рӕстӕгыл куы нӕ райсой, уӕд уый бандавдзӕн республикӕйы бирӕ ӕмбӕстӕгты цардыл, загъта парламенты фыццаг вице-спикер Гасситы Петр.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры парламент ӕртыццӕджы ӕркӕсдзӕн паддзахадон бюджетмӕ

Парламенты ӕртыццӕджы хъуамӕ ӕркастаиккой фидӕн азы бюджетмӕ. Ацы рабадтыл ма хъуамӕ ӕркастаиккой ацы азы бюджетмӕ ивындзинӕдтӕм. Ивындзинӕдтӕ баст сты ӕхцайы фӕрӕзтимӕ, кӕцытӕ Уӕрӕсейы хицауад рахицӕн кодта Хуссар Ирыстонӕн коронавирусы ныхмӕ тохӕн. Фӕлӕ парламенты рабадт нӕ ацыд кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй. Радон сесси гӕнӕн ис ацӕуа цыппӕрӕмы, 24 декабры.

"Махыл ис стыр бӕрндзинад. Уый хуымӕтӕг гӕххӕтт нӕу, ӕмӕ бандавдзӕн бирӕ ӕмбӕстӕгты цардыл. Уый фӕдыл уӕм сидын, цӕмӕй сом иууылдӕр ӕрӕмбырд уат сессимӕ. Сесси ауадзыны рӕстӕг фехъусын кӕндзыстӕм фӕстӕдӕр", - загъта Гасситы Петр.

Вице-спикер не мбары йӕ коллегӕты позици, уымӕн ӕмӕ сессийы боны фӕткмӕ бахастой фарст, кӕцы рахастой уыцы депутаттӕ.

"Ӕз нал ӕмбарын ацы уавӕр. Боны фӕткмӕ фыццаг фарстӕй бахастой ивындзинӕдтӕ Конституцимӕ, кӕцытӕ бахастой депутатты къорд. Ацы фарсты алыварс ис бирӕ ныхӕстӕ, боны фӕткы ис, фӕлӕ депутаттӕ сӕхӕдӕг ам не сты. Кӕм ис логикӕ?", - банысан кодта депутат.

Парламенты спикер Тадтаты Аланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый республикӕйы проблемӕтӕй йӕхи нӕ иуварс кӕны. Уый фидарӕй загъта, Дзабиты Иналы мӕлӕты фӕдыл хъуыддаг кӕй ацӕудзӕн законы фӕлгӕтты ӕмӕ аххосджынты иууылдӕр бафхӕрдзысты законмӕ гӕсгӕ.

Финансты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Хӕбӕлаты Аза бахахх кодта, цӕттӕ кӕй у хайад райсын рабадтыты ӕмӕ бамбарын кӕнын депутаттӕн 2021 азы бюджет ӕмӕ ацы азы бюджетмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссыны лыстӕгдзинӕдтӕ.

"Кӕд ацы хъуыддаг адаргъ кӕнӕм, уӕд мах ацы ӕхцатӕ гӕнӕн ис ма райсӕм. Уыдон сты ӕхцатӕ коронавирусы ныхмӕ тохӕн", - бахахх кодта Хӕбӕлаты Аза.

Парламенты спикер ӕрсидт бюджет ӕмӕ хъалонты фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар Джиоты Еленамӕ, цӕмӕй бамбарын кӕна йӕ коллегӕтӕн уавӕры ахсджиагдзинад.

Хуссар Ирыстоны парламенты депутатты хай сентябры фехъусын кодта закондӕттӕг органы куыст ӕруромыны тыххӕй, цалынмӕ генпрокурор Дзӕгъиаты Уырызмӕджы отсавкӕйы арвитой, уӕдмӕ. Уӕдӕй фӕстӕмӕ депутаттӕ сессимӕ ӕрӕмбырд сты ӕрмӕстдӕр иу хатт, цӕмӕй сфидар кӕной ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ коронавирусы ныхмӕ тох кӕнынӕн фӕрӕзтӕ рахицӕн кӕныны фӕдыл.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0