Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирусӕй ног рынчынты тыххӕй

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæ "Гам-Ковид-Вак"
 Гам-Ковид-Вак - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы райдианӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 2269 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 1490 сӕнӕниз сты. Югосетпотребнадзоры лабораторийы сарӕзтой 13 мин тестӕй фылдӕр

ЦХИНВАЛ, 28 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг ис аст ног фӕрынчынуӕвӕджы COVID-19-ӕй, фехъусын кодта Sputnik сабаты саразгӕ тесты фӕстиуджытӕ Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Уый бафтыдта, хуыцаубоны коронавирус рабӕрӕг кӕныны тыххӕй тесттӕ кӕй нӕ сарӕзтой.

"Сабаты цы раиртӕстытӕ сарӕзтам, уыдонӕй астӕн разынд ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ", - загъта Гаглойты Анна.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕстаг суткӕйы медицинон хъусдардӕй систой 39 адӕймаджы, амбулаторон хоскӕнынады ма сты 772 пациенты.

Республикӕйы пандемийы райдианӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 2269 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 1490 сӕнӕниз сты. Югосетпотребнадзоры лабораторийы сарӕзтой 13 мин тестӕй фылдӕр

Республикон бирӕпрофилон центры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, пандемийы амӕттаг баисты 56 адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0