Хуссар Иры медкластеры "сырх зонӕ"-мӕ бахауд ноджы иу адӕймаг

© SputnikХуссар Иры медкластеры "сырх зонӕ"-мӕ бахауд ноджы иу адӕймаг
Хуссар Иры медкластеры сырх зонӕ-мӕ бахауд ноджы иу адӕймаг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы сӕйраг инфекционист Джиоты Элеонорайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн республикӕйы бирӕпрофилон медицинон центрты "сырх зонӕ"-ы коронавирусы инфекциимӕ тох кӕнынц 67 пациенты

ЦХИНВАЛ, 4 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иу адӕймаг фӕрынчын ис коронавирусӕй, фехъусын кодта хуыцаубоны Sputnik республикӕйы сӕйраг инфекционист Джиоты Элеонора.

"Республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ бацыд 22 адӕймаджы, уыдонӕй ӕрмӕст иу схуссын кодтой",- загъта дохтыр.
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры ноджы 78 адӕймагыл бахӕцыд коронавирус

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныридӕгӕн республикӕйы бирӕпрофилон медицинон центрты "сырх зонӕ"-ы коронавирусы инфекциимӕ тох кӕнынц 67 пациенты.

"Рынчындоны ӕмткӕй хос кӕны 67 пациенты, уыдонӕй 33 ис сывӕллӕтты рынчындоны, 34 та инфекцийы хайады",- бафтыдта уый.

Джиоты Элеонора ма радзырдта, басгӕрсты фӕстиуӕгӕн компьютерон томографи саразынмӕ арвыстой ӕртӕ адӕймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0