Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад сарӕзта командӕтӕ АрМИ-2021-мӕ

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад сарӕзта командӕтӕ АрМИ-2021-мӕ
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад сарӕзта командӕтӕ АрМИ-2021-мӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз республикӕйы Гарзджын тыхтӕ цӕттӕ кӕнынц командӕтӕ ӕртӕ конкурсмӕ: танкисттӕ, снайпертӕ ӕмӕ разысгарджытӕ

ЦХИНВАЛ, 12 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады райдыдтой цӕттӕ кӕнын командӕтӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ АрМИ-2021 хайад райсынмӕ.

Уӕрӕсейаг танкисттӕ Хуссар Иры райдыдтой цӕттӕ кӕнын АрМИ-2021-мӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг танкисттӕ Хуссар Иры райдыдтой цӕттӕ кӕнын АрМИ-2021-мӕ

РХИ Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы хистӕр Чехойты Инга куыд радзырдта, афтӕмӕй министры х.ӕ. Гассеты Ибрагимы барамындӕй 2020 азы кӕрӕтты ӕрӕмбырд кодтой командӕты сконд.

"Фарон хуссарирыстойнаг командӕ ӕфсӕддон хъӕзтыты хайад райста фыццаг хатт ӕмӕ бавдыста командӕтӕ дыууӕ конкурсмӕ. Ацы аз, Гассеты Ибрагимы барамындӕй командӕтӕ бавдисдзысты ӕртӕ конкурсмӕ: "Танковый биатлон", "Снайперский рубеж", "Отличники войсковой разведки", - банысан кодта уый.

Афтӕ ма нывӕндынц саразын командӕтӕ хуссарирыстойнаг курсантты скондӕй, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц УФ хъахъхъӕнынадон уагдоны ахуыргӕнӕндӕтты, цӕмӕй хайад райсой ӕртӕ конкурсы - "Десантный взвод", "Уверенный прием", "Саянский марш".

2020 азы хуссарирыстойнаг командӕтӕ фыццаг хатт хайад райстой конкурсты "Танковый биатлон" ӕмӕ "Отличники войсковой разведки" ӕмӕ райстой бӕрзонд фӕстиуджытӕ, сӕйраджыдӕр танкисттӕ. Уыдон дыккаг дивизионы бацахстой ӕртыккаг бынат.

Уагдоны къухдариуӕгад банысан кодта, АрМИ-2021 хайадист дарддӕр райтынг кӕндзӕн Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн ахастытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0