Транскам сӕхгӕдтой ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйтӕ 'рцӕуыны тасы тыххӕй

© Пресс-служба МЧС РЮО Транскам
Транскам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуыцаубоны райсомӕй автомагистралы цӕгаттаг порталыл ӕрцыд чысыл зӕй, фӕлӕ фӕндагон службӕтӕ ӕвӕстиатӕй асыгъдӕг кодтой трассӕ

ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Транскавказаг автомагистралыл фӕндагон змӕлд сӕхгӕдтой хуыцаубоны 21.00 сахатыл ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйтӕ 'рцӕуыны тасы тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

"Хуыцаубоны 21.00 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг Транскамыл уыдзӕн ӕхгӕд фӕндагон змӕлд", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Хуыцаубоны райсомӕй автомагистралы цӕгаттаг порталыл ӕрцыд чысыл зӕй, фӕлӕ фӕндагон службӕтӕ ӕвӕстиатӕй асыгъдӕг кодтой трассӕ.

Транскавказаг автомагистраль — иунӕг фӕндаг, кӕйы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0