Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры спайда кӕндзысты нырыккон хӕсты фӕлтӕрддзинадӕй

© Пресс-служба ЮВО РФУӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры спайда кӕндзысты нырыккон хӕсты фӕлтӕрддзинадӕй
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры спайда кӕндзысты нырыккон хӕсты фӕлтӕрддзинадӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕ цӕттӕкӕнынады сӕйраг хъусдард здахдзысты ӕнӕстандартон методтӕм

ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы батальонон тактикон къорд сӕххӕст кодта марш полигон "Дзарцъем"-мӕ, ӕмӕ радыдтой кусын тактикон приемтыл нырыккон тохы уавӕрты хӕхты, хъусын кӕны къуырисӕры Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры ӕрыздӕхтысты базӕмӕ быдырон ахуыртӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры ӕрыздӕхтысты базӕмӕ быдырон ахуыртӕй

"Ацы аз уӕрӕсейаг базӕйы ӕфсӕддонтӕ цӕттӕкӕнынады сӕйраг хъусдард здахдзысты ӕнӕстандартон методтӕм, хсӕвыгон хӕстон архӕйдтытӕ уадзынмӕ, афтӕ ма ныхмӕлӕууӕджы дронты ныхмӕ тохмӕ", - банысан кодтой Хуссар ӕфсӕддон зылды.

Мотоӕхсджыты пологинмӕ ракӕныны размӕ ауагътой разысгӕрст ӕнӕпилотон авиацийы руаджы , радзырдта Хуссар ӕфсӕддон зылды минӕвар.

Дӕлхайӕдты командӕгӕнджытӕ спайда кӕндзысты нырыккон хӕсты фӕлтӕрддзинадӕй, афтӕ ма пайда кӕндзысты ӕнӕстандартон методтӕй дӕлхайӕдтӕн командӕтӕ дӕттыны рӕстӕджы, бахахх кодта зылды минӕвар.

Ног хабӕртты лентӕ
0