Хуссар Иры сӕйраг санитарон дохтыр радзырдта коронавирусы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Коронавирус Хуссар Иры
Коронавирус Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй фӕрынчын сты 2578 адӕймаджы, уыдонӕй 1729 сӕнӕниз сты

ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой 45 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта майрӕмбоны тестты фӕстиуджытӕ Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина. Уый банысан кодта, ивгъуыд улӕфт бонты тестты фӕстиуджытӕ бӕрӕг кӕй уыдзысты дыццӕджы.

"Майрӕмбоны сарӕзтӕуыд 155 иртӕсты, уыдонӕй 45 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Афтӕ ма республикӕйы медицинон уагдӕттӕй рафыстой 30 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.

Сӕйраг санитарон дохтыр бафтыдта, интенсивон терапийы хайады къуырисӕры райсоммӕ кӕй ис ӕхсӕз пациенты, медикты хъусдарды бын амбулаторон ӕмӕ стационарон хоскӕнынады сты 856 адӕймаджы.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй фӕрынчын сты 2578 адӕймаджы, уыдонӕй 1729 сӕнӕниз сты.

Хуссар Ирыстоны ӕдӕппӕт сарӕзтой 14 346 тесты коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0