Хуссар Иры президент йæ уынаффæгæнæгæй снысан кодта хицауады раздæры сæрдары

© Sputnik / Natalia AiriyanПухаты Эрик
Пухаты Эрик  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд аз августы онг Пухаты Эрик куыста Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдарæй. Цхинвалы æвзонг цæрæг Дзабиты Иналы мæлæты фæстæ уый ацыд отставкæйы

ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий снысан кодта хицауады раздæры сæрдар Пухаты Эрикы йæ паддзахадон уынаффæгæнæгæй экономикон фарстыты фæдыл, фехъусын кодтой президенты администрацийы.

Эрик Георгийы фырт, кæцы 2017 азы маййæ 2020 азы августы онг лæууыд республикæйы хицауады сæргъ, раивта ацы бынаты Джуссойты Сосланы - уый президент ссæрибар кодта йæ куыстæй ивгъуыд аз декабры кæрон.

 

Биографион справкæ

Пухаты Эрик Георгийы фырт райгуырд 1957 азы 5 майы РХИ-ы Знауыры районы Схлиты хъæуы.

1982 азы каст фæцис Хуссар Ирыстоны паддзахадон педогогон институты "Математикæ æмæ физикæ"-йы факультет.

Фæллойадон архайды рæстæджы куыста Цхинвалы консерваразæн заводы, каст лекцитæ ХИПУ-ы.

2005 азы слæууыд РХИ Паддзахадон статистикæйы управленийы сæргъ.

2014 азы апрелы нысан æрцыд РХИ хицауады сæргълæууæджы хæдивæгæй.

Хорзӕхджын у Хуссар Ирыстоны майданӕй "Фӕллойады сгуыхтдзинад", Днестргӕрон Молдаваг республикӕйы майданӕй "Ӕхсӕнадӕмон ӕмгуыстады фидар кыныны тыххӕй".

Ис ын бинонтӕ, ӕртӕ хъӕбулы.

Ног хабӕртты лентӕ
0