Цхинвалы централон уынгтыл ӕмӕ улӕфӕн бынӕтты ӕвӕрынц бырондӕттӕ

© Photo : Пресс-служба АМСЦхинвалы централон уынгтыл ӕмӕ улӕфӕн бынӕтты ӕвӕрынц бырондӕттӕ
Цхинвалы централон уынгтыл ӕмӕ улӕфӕн бынӕтты ӕвӕрынц бырондӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бырондӕттӕ ӕвӕрын райдыдтой Октябры уынгӕй, уый фӕстӕ та бавналдзысты Мамсыраты Хадзы-Мураты уынгыл ӕмӕ Ногдзауты парчы ӕвӕрынмӕ

ЦХИНВАЛ, 21 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры столицӕйы централон уынгтӕ баххӕст кӕндзысты бырондӕттӕй. Ногдзинӕдтӕ фӕзындзысты Октябры ӕмӕ Мамсыраты Хадзы-Мураты уынгтыл, афтӕ ма Ногдзауты парчы, фехъусын кодтой Sputnik горӕты мэрияйы пресс-службӕйы.

Горӕты администрацийы дӕлбар хӕрзарӕзтады хайады кусджытӕ бавнӕлдтой бырондӕтты ивынмӕ.

"Бырондӕттӕ ӕвӕрын райдыдтой Октябры уынгӕй, уый фӕстӕ та бавналдзысты Мамсыраты Хадзы-Мураты уынгтыл ӕмӕ Ногдзауты парчы ӕвӕрынмӕ. Ранымайгӕ бынӕтты нал уыд бырондӕттӕ, науӕд та уыдысты ӕрдӕгпырхытӕ", - загътой уым.

Пресс-службӕйы ма ӕрсидтысты цӕрджытӕм, цӕмӕй аудгӕ ахаст дарой горӕты рӕсугъддзинад ӕмӕ хӕрзарӕзтмӕ.

© Sputnik / Пресс-служба АМСЦхинвалы централон уынгтыл ӕмӕ улӕфӕн бынӕтты ӕвӕрынц бырондӕттӕ
Цхинвалы централон уынгтыл ӕмӕ улӕфӕн бынӕтты ӕвӕрынц бырондӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы централон уынгтыл ӕмӕ улӕфӕн бынӕтты ӕвӕрынц бырондӕттӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0