Олимпиаг кафт: Цхинвалы хонынц сывӕллӕтты брейк-дансы къордмӕ

© Sputnik / Ада Багианбрейк-данс къорд "АРС"
брейк-данс къорд АРС - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2019 азы ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитет аскъуыддзаг кодта олимпиаг хъӕзтыты нывӕзтмӕ бахӕссын брейк-данс. Ацы кафты дебют олимпиаг ерысты уыдзӕн 2024 азы Парижы

ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны брейк-дансы секцимӕ исынц авд азы карӕй уӕлӕмӕ сывӕллӕты, фехъусын кодта Sputnik кафты ахуыргӕнӕг Тедеты Андрей.

2019 азы ӕхсӕнадӕмон олимпиаг комитет аскъуыддзаг кодта олимпиаг хъӕзтыты нывӕзтмӕ бахӕссын брейк-данс. Ацы кафты дебют олимпиаг ерысты уыдзӕн 2024 азы Парижы.

"Авд азы карӕй исӕм сывӕллӕтты. Къуыри ӕртӕ хатты цӕудзысты ахуыртӕ - дыццӕджы, цыппӕрӕмы ӕмӕ сабаты. Брейк-данс ныр хуымӕтӕг кафт нал у, дыууӕ азы размӕ йӕ бахастой олимпиаг дисциплинӕтӕм", - загъта Тедеты Андрей.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ сӕм ныридӕгӕн цӕуынц куырдиӕттӕ ныййарджытӕй, ног къуырийӕ та райдайдзысты ахуыртӕ.

"Брейк-дансы фӕрцы сывӕллӕттӕ фидар кӕныныц сӕ физикон цӕттӕдзинад ӕмӕ музыкалон архӕстдзинад", - бафтыдта уый.

Тедеты Андрейы схонӕн ис Хуссар Ирыстоны брейк-дансы бындурӕвӕрӕг, уый ныр 20 азы дӕргъы архайы сфӕлдыстады ацы фадыджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0