Хуссар Иры санитарон уагдон фехъусын кодта ног бæрæггæнæнтæ COVID-19-ы фæдыл

© Sputnik / Мигель Кандела /  Ахизын медиабанкмæКовид
Ковид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы райдианæй æдæппæт республикæйы коронавирусæй фæрынчын сты 2 746 адæймаджы, банысан кодтой "Югосетпотребнадзор"-ы

ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткæйы рабæрæг кодтой коронавирусæй æхсæз ног фæрынчынуæвæджы, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы сæргълæууæджы хæдивæг Гаглойты Анна.

"Ивгъуыд суткæйы сарæзтæуыд 67 тесты COVID-19 рафæлгъауыны тыххæй, уыдонæй æхсæз равдыстой низы уæвынад. Афтæ ма суткæйы дæргъы хыгъдæй систæуыд фараст адæймаджы", - радзырдта Гаглойты Анна.

Уый ма бафтыдта, медицинон хъусдарды бын нырма кæй ис 773 адæймаджы. Пандемийы райдианæй æдæппæт республикæйы сарæзтой 15 075 тестры коронавирус рабæрæг кæныны тыххæй, уыдонæй 2 746 равдыстой æвæрццаг фæстиуæг.

Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0